Бирӕ рынчынтӕ ӕмӕ цъус хостӕ: медхо йӕ куысты тыххӕй "сырх зонӕ"-йы Цхинвалы

© Sputnik / Кирилл Брага /  Ахизын медиабанкмæМедицинон хо
Медицинон хо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Медицинон хойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, рынчындоны нӕ фаг кӕнынц бынӕттӕ, медикаменттӕ ӕмӕ персонал. Дохтыр цыппор рынчынӕн цы рафыссы, уыдон ӕххӕст кӕнын ис иу медхойы бӕрны

ЦХИНВАЛ, 4 ноя - Sputnik,Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны республикон бирӕпрофилон медцентры "сырх зонӕты" ӕппӕт дӕр цух кӕны рынчынтӕй дарддӕр. Дыууӕ медхойы бӕрны вӕййы 80 рынчыны бӕрц, нӕ фаг кӕнынц медикаменттӕ ӕмӕ бынӕттӕ, радзырдта Sputnik рынчындоны кусӕг Алина.

Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта РБМЦ сырх зонӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта РБМЦ ӕмӕ бафхӕрдта "сырх зонӕйы" куысты организаци

Медхойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгнӕн сывӕллӕтты рынчындонӕн, кӕцы коронавирусы апарахаты рӕстӕджы рацарӕзтгонд ӕрцыд ковидӕй рынчынты райсынмӕ, йедзаг сты йӕ коридортӕ дӕр.

"Ӕрмӕст иу уӕладзыгыл хуыссы 80 рынчыны, йедзаг сты коридортӕ. Сынтӕг кӕмӕн не ссарынц, уыдон хӕссынц сӕхӕдӕг "лежанкатӕ". Ӕвзӕр у медикаменттимӕ уавӕр дӕр, афтӕ нӕ зӕгъын, бынтон нӕм нӕй, фӕлӕ нӕ фаг кӕнынц, рынчынты хиуӕттӕн сӕхи бахъӕуы амал кӕнын хостӕ", - радзырдта чызг. 

Уӕлдай ӕвзӕр, Алинайы ныхӕстӕм гӕсгӕ,  хабар у медперсонады цухдзинадимӕ. Иу радгӕсы рӕстӕгхӕссы 16 сахаты.

"Изӕры фондз сахатыл бацыдыстӕм сменӕмӕ ӕмӕ уым уыдыстӕм райсом фарст сахатмӕ. Медхотӕ не ‘ххӕссынц  сӕ куыстыл. 80 рынчыны сты дыууӕ адӕймаджы бӕрны. Рынчдоны медхоты иууылдӕр ӕвӕрынц радгӕсы, фӕлӕ алчи не ‘ххӕст кӕны йӕ хӕслӕвӕрдтӕ", - банысан кодта уый. 

Медхо ма бафтыдта, персонал ӕххӕст кӕй сты хъахъхъӕнӕн костюмтӕй.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты нымӕц фылдӕр кӕнын райдыдта 15 сентябры Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ. Уый размӕ республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ рацыдаиккой ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Ацы мадзалы руаджы Хуссар Ирыстоны фондз мӕймӕ сбӕрӕг кодтой ӕрмӕстдӕр 90 рынчыны коронавирусӕй. Карантины фӕстӕ республикӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй иу мин рынчынмӕ ӕввахс, 11 адӕймаджы амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0