Хуссар Иры иу суткӕмӕ коронавирусӕй фӕрынчын сты 77 адӕймаджы

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæCOVID-19.
COVID-19.  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыццӕджы райсоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы стационарты хос кӕнынц 215 рынчынӕн COVID-19-ӕй

ЦХИНВАЛ, 10 ноя - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы рабӕрӕг кодтой коронавирусӕй 77 ног рынчыны, фехъусын кодта республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Ӕдӕппӕт сентябры ӕмбисӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны ковидӕй фӕрынчын сты 1359 адӕймаджы, 194 та адзӕбӕх сты ӕмӕ ист ӕрцыдысты медицинон хъусдардӕй.

Уӕрӕсейаг медиктӕ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг медиктӕ дӕс бонмӕ Хуссар Иры басгӕрстой 500 пациентмӕ ӕввахс

"Ивгъуыд суткӕйы рабӕрӕг сты 77 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй. Уыимӕ 22 адӕймаджы ты ист ӕрцыдысты хъусдардӕй ", - загъта Коцты Марина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, дыццӕджы райсоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы стационарты хос кӕнынц 215 рынчынӕн COVID-19-ӕй.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты нымӕц фылдӕр кӕнын райдыдта 15 сентябры Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ. Уый размӕ республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ рацыдаиккой ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Ацы мадзалы руаджы Хуссар Ирыстоны фондз мӕймӕ сбӕрӕг кодтой ӕрмӕстдӕр 90 рынчыны коронавирусӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0