Карантинон мадзӕлттӕ ӕмӕ маскӕйон режим: куыд кусынц Хуссар Иры ХМ пандемийы рӕстӕджы

© МО РЮОХуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтӕ
Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы уӕззау эпидемиологон уавӕры тыххӕй Хъахъхъӕнынады министрады профилактикон мадзӕлттӕм бахастой ивындзинӕдты

ЦХИНВАЛ, 11 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Коронавирусы апарахаты тыххӕй Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты сӕрмагонд барамынды онг ис маскӕты режим, аивтой мадзӕлттӕ ӕхгӕд бӕстыхӕйтты, кусджыты ӕмбырдтӕ та рабадтыты залы уагъд цӕудзысты ӕрмӕстдӕр уӕлвӕткон цауты рӕстӕджы.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 40-ӕй фылдӕр рынчыны

Республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Гассеты Ибрагим ауагъта кусӕгон рабадт ӕфсӕдты архайды фӕдыл коронавирусы апарахаты уавӕрты.

Министры хӕстӕ ӕххӕтгӕнӕгӕн радзырдтой эпидемиологон уавӕры тыххӕй Хъахъхъӕнынады министрады ӕмӕ куыд ӕххӕст цӕуынц коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл мадзӕлттӕ, уый тыххӕй.

Афтӕ ма, уӕззау эпидемиологон уавӕры тыххӕй Хъахъхъӕнынады министрады профилактикон мадзӕлттӕм бахастой ивындзинӕдты.

"Национ гарзджын тыхты ӕххӕст цӕуы маскӕты режим, аивтой мадзӕлттӕ ӕхгӕд бӕстыхӕйтты, кусджыты ӕмбырдтӕ та рабадтыты залы уагъд цӕудзысты ӕрмӕстдӕр уӕлвӕткон цауты рӕстӕджы. Афтӕ ма ногӕрсидтонтӕн нӕй гӕнӕн хизын ӕфсӕддон горӕты территорийӕ. Ӕфсӕддонтӕ, кӕцытыл цӕуы 65 азы, ӕвгъӕдджын сылгоймӕгтӕ ӕмӕ иугӕндзойнон низтимӕ гоймӕгтӕ, афтӕ ма сылгоймаг ӕфсӕддонтӕ, кӕцытӕ сӕ хъус дарынц 10 азы кары онг сывӕллӕттӕм, ссӕрибар кодтой сӕ куыстӕй, фӕлӕ сын фиддзысты мызд", - радзырдтой пресс-службӕйы.

Гаглойты Таира  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хӕрзаудӕн фонд "Мах ныфс" уары хостӕ коронавирусӕй рынчынтӕн Цхинвалы

Уымӕй дарддӕр, Гассеты Ибрагим бахаста ивындзинӕдтӕ уагдоны медицинон службӕйы куыстмӕ дӕр: медицинон кусджытӕ хӕсдзысты рад ӕфсӕддон горӕты контролон-уадзӕн пункты, фӕтыхджындӕр кӕндзысты куыст рынчынтимӕ. Уыимӕ иумӕ, министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг бахӕс кодта сифтонг кӕныны кусджыты сӕрмагонд хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕй, дезинфекци кӕнын бӕстыхӕйттӕ ӕмӕ ӕрвылбон сгарын ӕфсӕддонты ӕнӕниздзинады уавӕр.

Сентябры ӕмбисӕй коронавирусӕй рынчынты иумӕйаг нымӕц у 1405, уыдонӕй сӕнӕниз сты 224 адӕймаджы. Коронавирусон инфекцийӕ амардысты 21 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0