Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 57 ног рынчыны

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы сентябры ӕмбисӕй коронавирусӕй фӕрынчын сты 1500 адӕймагӕй фылдӕр, ӕртӕ сӕдӕмӕ ӕввахс сӕнӕниз сты

ЦХИНВАЛ, 13 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы коронавирус сбӕрӕг кодтой 57 адӕймагӕн, фехъусын кодта республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Республикӕйы ӕдӕппӕт сарӕзтой 9300 тесты коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл.

"Иу суткӕмӕ 206 анализӕй 57 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Иумӕйагӕй фӕстаг дыууӕ мӕйы дӕргъы коронавирус сбӕрӕг кодтой 1517 адӕймагӕн, афтӕмӕй 274 адӕймаджы систой медицинон хыгъдӕй. Абоны бон медикты хъусдарды бын стационарты ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынады сты 1243 адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.

Республикӕйы коронавирусӕй амардысты 27 адӕймаджы, бафтыдта уый.

Амӕйразмӕ майрӕмбоны коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл оперативон штаб аскъуыддзаг кодта адарддӕр кӕнын карантин скъолаты 15 декабры онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0