Хуссар Иры электрондыхы хаххыл куыстытӕ аргъӕвтой митуарды тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЭлектрондыхы хахх
Электрондыхы хахх - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Профилактикон куыстытӕ сног кӕндзысты боныгъӕд куы фӕхуыздӕр уа, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ, майрӕмбоны рухс нал ахицӕн кӕндзысты

ЦХИНВАЛ, 19 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цалцӕггӕнӕн-профилактикон куыстытӕ электрондыхы хаххыл, кӕцыты тыххӕй майрӕмбоны Хуссар Ирыстоны нывӕндысты ахицӕн кӕнын рухс, аргъӕвтой митуарды тыххӕй Бӕгъиаты хъӕуы. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы генералон директоры хӕдивӕг Гӕбӕраты Анатолий.

"Ӕвзӕр боныгъӕд нӕ бауагъта фӕуын профилактикон куыстытӕ. Боныгъӕд куы фӕхуыздӕр уа, уӕд та бавналдзыстӕм куыстмӕ", - загъта Гӕбӕраты Анатолий.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, зӕгъгӕ, майрӕмбоны, 20 ноябры, Хуссар Ирыстон баззайдзӕн ӕнӕ рухсӕй электрондыххы хаххыл профилактикон куыстыты тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0