Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 25 ног рынчыны

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 372-мӕ

ЦХИНВАЛ, 19 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сарӕзтой сӕдӕйӕ фылдӕр тесты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 25 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Коцты Марина - Sputnik Хуссар Ирыстон
Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг радзырдта коронавирусӕй рынчынкӕнынады динамикӕйы тыххӕй

"Ивгъуыд суткӕйы сарӕзтӕуыд 130 тесты, уыдонӕй 25 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта Гаглойты Анна.

Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 1650 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 372 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

Пандемийы рӕстӕджы Югосетпотребнадзоры лабораторийы ӕдӕппӕт сарӕзтой 9 минӕй фылдӕр иртӕсты.

Ног хабӕртты лентӕ
0