Ног цырт пырхы бӕсты: Къуыдаргомы сӕвӕрдзысты ирон революционеры бюст

© Sputnik / Natalia Airiyan Нартыхты Сосланы бюст
Нартыхты Сосланы бюст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кировы хъӕуы раздӕры рынчындоны кӕрты, цы ран уыд ирон революционер Нартыхты Сосланы цырт, сӕвӕрдзысты ног, йӕ алфӕмбылай та хӕрзарӕзт ӕрцӕудзӕн

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомӕн раздахдзысты советон дуджы хъайтары цырт. Кировы хъӕуы ногӕй фӕзындзӕн революционер ӕмӕ 1920 ӕзты Ирыстоны ӕрцӕугӕ бӕллӕхты активон архайӕг Нартыхты Сосланы бюст. 

Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Кировы хъӕуы советон периоды хъайтарты цыртытӕ ӕрдӕг пырхытӕй бӕлӕсты аууонӕй фӕлгӕсынц трассӕмӕ. Ивгъуыд ӕнусы уырыссаг ӕмӕ ирон революционертӕ Нартыхты Сослан ӕмӕ Сергей Кировы цыртытӕ уыдысты хъӕуы фидыц. Иу дзы уыд скъолайы кӕрты, аннӕ рынчындоны раз. 

© Sputnik / Natalia Airiyan Кировы бюст
Ног цырт пырхы бӕсты: Къуыдаргомы сӕвӕрдзысты ирон революционеры бюст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кировы бюст

"Дыууӕ цырт дӕр бафхӕрдтой сӕхӕдӕг адӕм. Уый фӕстӕ иу бахъавыдысты сӕ саразынмӕ дӕр, сӕ нывтӕ сын фӕистой, фӕлӕ хъуыддаг нырма нӕ азмӕлыд", - радзырдта Sputnik хъӕуы администрацийы хистӕр Ӕлборты Валерий.

Дыууӕ цыртӕй иу сцӕттӕ уыдзӕн ацы аз, аннӕйы хъысмӕт нырма бӕрӕг нӕу.

"Нартыхты Сосланы цырт ногӕй сӕвӕрдзысты йӕ бынаты. Йӕ алыварс территори рацӕудзӕн хӕрзарӕзт. Цырт ӕлыгӕй цӕттӕ у Дзӕуджыхъӕуы", - радзырдта Sputnik горӕт Къуайсайы мэр Бӕззаты Геннадий.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цыртмӕ уыдзӕн сӕрмагонд ссӕуӕн фӕндаг.

Арт объект - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы сӕнусон кодтой репрессигонд гоймӕгты рухс нӕмттӕ

Нартыхты Сосланы сгуыхтдзинӕдты хсӕн рахицӕн кӕнӕн ис 1920 азы ирон адӕмы геноциды рӕстӕджы йӕ архайд. Уый иста бирӕнымӕц лигъдӕтты Хуссар Ирыстонӕй ӕмӕ сын цӕрӕнуӕттӕ агуырдта Цӕгат Иры. Адӕм цы ран ӕрбынат кодтой, уый фӕстӕдӕр схуыдтой горӕт Алагир.

Цырт саразыны хъӕппӕрис равдыстой бынӕттон цӕрджытӕ, фылдӕр бӕрцӕй карджын адӕм, кӕцытӕ сӕ зӕрдыл дардтой ацы гоймаджы лӕггӕдтӕ. Ацы хъуыдыйы фарс балӕууыдысты горӕт Къуайса ӕмӕ Дзауы районы разамынадтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0