ЦХИНВАЛ, 25 ноя – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны IT-центр азы кӕрӕттӕм хъуамӕ рауагътаид къорд уӕлӕмхасӕны республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн, фӕлӕ сын пандеми бандӕвта сӕ фӕндтыл. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта IT-центры къухдариуӕггӕнӕг Тедеты Азӕмӕт.
IT-скъола кусы республикӕйы ныр ӕртыккаг аз. Проект реализации ӕрцыд уӕрӕсейаг фӕсивӕдон форум "Московские каникулы"-йы гранты фӕлгӕтты. Бирӕ рӕстӕг скъола бакӕныны хъуыддаг къуылымпы кодта, хатӕн сын кӕй нӕ уыд, уый, фӕлӕ стӕй ӕрбынат кодтой Гаглойты Хазбийы (раздӕр Тельманы) уынгыл.
"Азы кӕронмӕ цы уӕлӕмхасӕнтӕ цӕттӕ кодтам, уыдонӕй иу адӕмӕн фадат радтаид хӕлцадон продукттӕ ӕмӕ хостӕ заказ кӕнын,бӕрӕггӕнӕнты базӕйӕ пайда кӕнгӕйӕ. Мах ахӕм хуызы фӕндыд баххуыс кӕнын цӕрджытӕн, фӕлӕ, хъыгагӕн, пандемии фехӕлдта нӕ плӕнттӕ. Бирӕ чидӕртӕ нӕ фӕрынчын сты, ӕмӕ ӕххӕст бӕрцӕй нӕ куыстам", - загъта Тедеты Азӕмӕт.
Уый ма бафтыдта, специалисттӕ ныридӕгӕн кӕй бадзырдтой кӕцыдӕр ресторанты хистӕртимӕ, ӕмӕ уыдон цӕттӕ сты сӕ меню бахӕссын уӕлӕмхасӕнмӕ.
"Нӕ плӕнтты ма ис бакусын таксимӕ дзурыны уӕлӕмхасӕныл дӕр. Пайдагӕнджыты бон суызӕн иу уысммӕ фӕдзурын машинӕмӕ горӕты кӕцыфӕнды районмӕ дӕр", - банысан кодта Тедеты лӕппу.
IT-центры къухдариуӕггӕнӕг ма радзырдта, пандемийы тыххӕй сӕ фӕндтӕй бирӕтӕ кӕй нӕ сӕххӕст сты, уыдонӕй иу – онлайн-фиддонтӕ дуканитӕ ӕмӕ ресторанты.
"Ахӕм систӕмӕйӕ пайда кӕнынц ӕппӕт дунейы дӕр, махмӕ та уый суыдзӕн ногдзинад", - загъта центры хистӕр.
Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕй схызт 1,8 мины онг, сӕнӕниз сты 570 пациенты. Республикӕйы 15 декабрьмӕ ис арӕнӕвӕрдтӕ.
ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы БАМ-ы микрорайонмӕ ӕхсӕнадон траспорты фӕндаг сӕхгӕнынц фӕндаггӕрон урӕд хӕдтулгӕтӕ. Автобусы шофрты бахъӕуы фӕндагон змӕлды тӕмӕны фӕстӕмӕ цыдӕй бацӕуын лӕууӕндонмӕ.
Цхинвалы ӕфсӕддон городокмӕ фӕндаг Плиты Ароны уынгыл фарон цалцӕг куы цыд уӕддӕр ссис хъаугъайаг, уӕд цӕрджытӕ домтой цӕмӕй йӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕной. Фӕндаг арӕзт ӕрцыд домӕнтӕм гӕсгӕ, уӕддӕр разынд проблемон. Ам уӕвӕг Уӕрӕсейы ӕфсӕддон базӕйы кусджытӕ сӕ хӕдтулгӕтӕ кӕй ӕруромынц, уымӕ гӕсгӕ дзы рӕстмӕ азмӕлӕн нал вӕййы.
"Фӕндаг арӕзт куы фӕцис, уӕд фӕндаггӕрон сӕвӕрдтой бордюртӕ. Раздӕр ӕфсӕддонтӕ кӕд сӕ хӕдулгӕтӕ урӕдтой Афганистаны хӕстонты цырты цур, уӕд дзы ныр бахизӕн нал ис. Уымӕ гӕсгӕ фӕндаггӕрон байдзаг вӕййы хӕдтулгӕтӕй ӕмӕ рейсон автобустӕн нал вӕййы бацӕуӕн",- загъта районы цӕрӕг Эльбрус.
Ӕрӕджы рейсон автобус уынгӕг фӕндагыл раскъуыдта йӕ кӕсӕн, хӕдтулгӕйы бардарӕг домы дӕс мин.
Фарст алыг кӕныны нысанӕн паддзахадон автоинспекци сӕвӕрдта пост.
"Уавӕр хынцгӕйӕ мах сӕвӕрдам уӕлӕмхас пост ацы ран. Нӕ инспектортӕ сӕ хъус дарынц уавӕрмӕ райсом 7:30-ӕй 9 сахатмӕ Фӕстӕдӕр ам сывӕрдзыстӕм фӕндагон нысӕнттӕ, кӕцытӕ фӕдзӕхсдзысты, цӕмӕй ам хӕдулгӕтӕ ма уромой. Фӕткхалджытӕ ивар цӕуыдзысты", - загъта Sputnik паддзахадон автоинспекцийы агитаци ӕмӕ пропагандӕйы хистӕр инспектор Уалыты Альма.
ЦХИНВАЛ, 25 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы 8-ӕм июны уынгыл дыццӕджы ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ) фондз хӕдтулгӕйы хайадистӕй.
Цӕстӕйфенджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ВАЗ-2121 хӕдтулгӕ сӕмбӕлд фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕйыл, кӕцы лӕууыд йӕ разӕй, ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн ӕндӕр хӕдтулгӕтӕ дӕр бахъыгдард сты. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ФТЦ фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй. Аварийы цы хӕдтулгӕтӕ истой хайад, уыдоны шофырты арвыстой медицинон басгӕрстмӕ.
Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 2020 азы республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд 137 фӕндагон-транспортон цауы. Азы райдайӕнӕй паддзахадон статистикӕмӕ бахаудтой дӕс ФТЦ-йӕ цъусдӕр.