ЦХИНВАЛ, 25 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон комитеты бынӕттон мисси ифтонг кӕны республикӕйы ӕххуысхъуаг адӕмы зымӕгмӕ сугӕй. Гуманитарон мадзӕлттӕ ӕххӕст цӕуынц ӕрдзон ресурсты хъӕды хӕдзарадон управленийы ӕмархайдӕй, фехъусын кодта Sputnik миссийы ӕхсӕнадимӕ ахастыты фӕдыл специалист Тедеты Марина.
Сырх дзуары мисси ӕдӕппӕтӕй байуардзӕн 500 кубон метры суг, уыдон ныддих кодтой 125 бинонтыл.
"Суг уӕрст цӕуы, хъӕуты цы бинонтӕ цӕры, уыдоныл, алкӕмӕн дӕр цыппар кубы. Уыдон сты Сырх дзуары миссийы хӕлцадон ӕххуыс исджытӕ, сӕ нымӕцы сахъат, ацӕргӕ ӕмӕ аххуысхъуаг адӕм. 110 бинонтӕ райстой сӕ зымӕгон хай сугӕй, мӕйы кӕронмӕ ма 10 бинонтӕ райсдзысты Знауыры районы ӕмӕ фондз та Ленингоры", - радзырдта Тедеты Марина.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, 240 бинонтӕ исынц аз цыппар хатты хӕлцадон ӕххуыс ӕмӕ ӕхсыны ӕрмӕг. Ацы гуманитарон нывӕзт мисси ӕххӕст кӕны ӕрвылаз дӕр.
ЦХИНВАЛ, 20 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий снысан кодта хицауады раздæры сæрдар Пухаты Эрикы йæ паддзахадон уынаффæгæнæгæй экономикон фарстыты фæдыл, фехъусын кодтой президенты администрацийы.
Эрик Георгийы фырт, кæцы 2017 азы маййæ 2020 азы августы онг лæууыд республикæйы хицауады сæргъ, раивта ацы бынаты Джуссойты Сосланы - уый президент ссæрибар кодта йæ куыстæй ивгъуыд аз декабры кæрон.
Пухаты Эрик Георгийы фырт райгуырд 1957 азы 5 майы РХИ-ы Знауыры районы Схлиты хъæуы.
1982 азы каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон педогогон институты "Математикæ æмæ физикæ"-йы факультет.
Фæллойадон архайды рæстæджы куыста Цхинвалы консерваразæн заводы, каст лекцитæ ХИПУ-ы.
2005 азы слæууыд РХИ Паддзахадон статистикæйы управленийы сæргъ.
2014 азы апрелы нысан æрцыд РХИ хицауады сæргълæууæджы хæдивæгæй.
Хорзӕхджын у Хуссар Ирыстоны майданӕй "Фӕллойады сгуыхтдзинад", Днестргӕрон Молдаваг республикӕйы майданӕй "Ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстады фидар кыныны тыххӕй".
Ис ын бинонтӕ, ӕртӕ хъӕбулы.
ЦХИНВАЛ, 20 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны рынчындоны интенсивон терапийы хайады ис цыппар пациенты коронавирусимӕ, радзырдта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы хистӕр Коцты Марина.
Хуссар Ирыстоны коронавирусы пандемийы райдианӕй сарӕзтой 14577 иртӕсты, уыдонӕй 2652 равдыстой тӕссаг инфекцион низы уӕвынад.
"Ивгъуыд суткӕйы сарӕзтӕуыд 132 тесты, уыдонӕй 37 адӕймагӕн разынд COVID-19", - загъта Коцты Марина.
Стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл республикӕйы сты 923 адӕймаджы, уыдонӕй 84 хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.
Сӕйраг санитарон дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Ленингоры рынчындоны коронавирусимӕ тох кӕнынц ӕхсӕз рынчыны, Къуаисайы та - авд.