Цхинвалы Нӕузӕххонты уынгыл асфальт сӕвӕрдзысты декабры райдайӕны

© Photo : Пресс-служба мэрии ЦхинвалаНӕузӕххонты уынг
Нӕузӕххонты уынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, фӕндаг нывӕндынц саразын ӕввахс рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 25 ноя – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы фӕуд кӕны Нӕузӕххонты уынгыл фӕндаджы арӕзтад. Ноябры кӕрӕттӕм фӕндаг бацӕттӕ кӕндзысты асфальт сӕвӕрынмӕ, ӕмӕ фӕндзӕм декабрмӕ та сӕвӕрдзысты асфальт, фехъусын кодта Sputnik Паддзахадон унитарон куыстуат "Дорэкспострой"-ы техникон хайады хистӕр Тедеты Алан.

Автотрассӕ Гуфта-Къуаиса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Автотрассӕ Гуфта-Къуаисайыл фесты асфальтгӕнӕг куыстытӕ

"Ацы аз алкӕцы объектыл дӕр куыстытӕ фӕстӕдӕр кӕй райдыдтой, уый фӕдыл брусчаткӕ гӕнӕн ис сӕвӕрӕм фидӕн аз. Фӕлӕ нӕ кӕд ницы бахъыгдара, уӕд ӕй ацы аз дӕр сӕвӕрдзыстӕм", - загъта Тедеты Алан.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, коронавирусы пандеми хъыгдары арӕзтад, уымӕн ӕмӕ бирӕ кусджытӕ фӕрынчын сты COVID-19-ӕй.

"Нӕ кусджытӕ радгай рынчын кӕнынц, ӕмӕ нӕ уый тынг хъыгдары", - банысан кодта Тедеты Алан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, раздӕр бирӕ куыстытӕм-иу фӕхуыдтой сӕ коллегӕты Сомихӕй, фӕлӕ ацы аз уыдонӕн нӕ бантыст ӕрцӕуын Сомихы ӕндыгъд уавӕры тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0