Сырх Дзуары мисси уары хӕлцадон ӕххуыс тыхст адӕмӕн пандемийы фӕдыл

© AFP 2022 / CARLOS JULIO MARTINEZСырх Дзуары мисси
Сырх Дзуары мисси - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсӕнадӕмон организаци йе 'ххуысы адресаттӕм бахаста ноджы 250 бинонтӕ, кӕцыты коронавирусы инфекцийы апарахат сӕвӕрдта къуындӕг уавӕрты

ЦХИНВАЛ, 26 ноя – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕхсӕнадӕмон Сырх Дзуары комитеты бынӕттон мисси коронавирусы апарахаты фӕдыл сӕвзӕргӕ уавӕр хынцгӕйӕ республикӕйы ӕххуысхъуаг адӕмӕн уары гуманитарон ӕххуыс, фехъусын кодта Sputnik миссийы ӕхсӕнадимӕ ахастыты фӕдыл специалист Тедеты Марина.

Гуфта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕхсӕнадӕмон организаци Хуссар Иры сифтонг кӕндзӕн иунӕг адӕмы зымӕгмӕ сугӕй 

Фыццаг ахӕм акци ӔСДК ауагътой сӕрды. Уӕд коронавирусы инфекцийы апарахат ма рауадзыны аххосӕй Хуссар Ирыстон арӕнтӕ уыдысты ӕхгӕд, сӕ пенси фӕсарӕнты чи исы, уыдонӕн ацӕуӕн нӕ уыд. Ацы уавӕрты сын хӕлцадон продукттӕй баххуыс кодта Сырх Дзуары мисси.

"Фӕуд кӕнӕм дыккаг уӕлӕмхас акци, кӕцы аразӕм коронавирусы апарахаты фӕдыл сывзӕргӕ уавӕр хынцгӕйӕ. Фыццаг гуманитарон ӕххуыс байуӕрстам июлы, уӕд адӕммӕ сӕ пенситӕ не 'фтыдысты, уыдысты 381 адресаты. Лӕвӕрд ӕрцыд ӕртӕ мӕйы фаг хӕлцад ӕмӕ ӕхсыны ӕрмӕг, нормӕйӕ фылдӕр, уымӕн ӕмӕ ацы низы рӕстӕджы дезинфекци ӕмӕ сыгъдӕгдзинадмӕ ис уӕлӕмхас хъусдард", - загъта уый.

Ныр дыккаг ӕххуысы акцийӕ рахызтысты, сӕ пенситӕ исын чи райдыдта, уыдон.

"Хӕлцады хызынтӕ исынц ӕххуысхъуаг, 68 азы карӕй хистӕр адӕм, кӕцытӕн сӕ бон нӕу ӕддӕмӕ цӕуын, коронавирусы тасы группӕйы чи сты, науӕд та исынц чысыл пенситӕ. 250 адӕймаджы сты, уыдонӕн се "мбисӕй фылдӕр ныридӕгӕн райстой се 'ххуыс", - радзырдта Тедеты Марина.

Организацийы минӕвар бафтыдта, уымӕй дарддӕр ма сӕ миссийы хъусдард бын ӕдзух кӕй сты 240 ӕххуысхъуаг адӕймаджы, кӕцытӕ хӕлцадон ӕххуыс исынц алы кварталы дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0