Хуссар Иры парламенты вице-спикер радзырдта депутаттӕ ӕмӕ генпрокуроры фембӕлды тыххӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanРХИ парламент
РХИ парламент  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фембӕлды ма хайад райстой Дзабиты Иналы хиуӕттӕ ӕмӕ МХМ кусджытӕй кӕй ӕрцахстой ацы цауы фӕдыл, уыдоны хӕстӕджытӕ

ЦХИНВАЛ, 27 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны парламенты ацыд депутатты фембӕлд республикӕйы генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырзымӕгимӕ, фехъусын кодта Sputnik закондӕттӕг органы фыццаг вице-спикер Гасситы Петр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, депутаттӕй дарддӕр фембӕлды хайад райстой Дзабиты Иналы хиуӕттӕ ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕй кӕй ӕрцахстой ацы цауы фӕдыл, уыдоны хӕстӕджытӕ.

"Парламенты ацы фембӕлд депутатты къорды хъӕппӕрисӕй, кӕцытӕ разы нӕ уыдысты экспертизӕйы хатдзӕгтимӕ. Фарстыты фылдӕр хай дӕттой республикӕйы генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕгмӕ", - радзырдта Гасситы Петр.

Вице-спикеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, прокурормӕ радтой бирӕ фарстытӕ, сӕ нымӕцы фӕдагуырд ӕмӕ экспертизӕйы хатдзӕгты тыххӕй.

Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент: Дзабиты Иналы хъуыддаг ӕввахс рӕстӕджы бадӕтдзысты тӕрхондонмӕ

Гасситы Петр бафтыдта, зӕгъгӕ, фарст раттыны фадат уыд барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕй ацы цауы фӕдыл кӕй ӕрцахстой, уыдоны хиуӕттӕн.

"Зианбаййафӕг фарс разы нӕ уыд фӕдагуырд ӕмӕ экспертизӕйы хатдзӕгтимӕ. Ацы цауы фӕдыл кӕй ӕрцахстой, уыдоны хиуӕттӕ та фехъусын кодтой, сӕ хӕстӕджытӕ ацы хъуыддаджы кӕй ницы хайад истой", - загъта Гасситы Петр.

Вице-спикеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, алкӕцы фарс дӕр баззад йӕхи хъуыдыимӕ ӕмӕ ахсджиаг фӕстиуджытӕ ацы фембӕлдӕн нӕ уыд.

Дзабиты Иналы мæлæт æхсæнады сæвзæрын кодта стыр резонанс. Йæ фæстæ Цхинвалы ацыд митингтæ, адæм домдтой, цæмæй йæ бынатæй сæрибар æрцæуа Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ æфхæрд æрцæуой азымджынтæ.

Генералон прокуратурӕйы фӕдагуырды хайад 28 августы бакодта угодовон хъуыддаг Дзабиты Иналы мӕлӕты фӕдыл, кӕцыйы ӕрурӕдтой МХМ сӕргълӕууӕг Наниты Игоры амарын бафӕлварынмӕ зӕрдӕхсайыны тыххӕй. Уый фӕстӕ отставкӕйы арвыстой хицауады, кӕцыйы ног сконд нырма дӕр не сфидар кодтой

Ног хабӕртты лентӕ
0