ЦХИНВАЛ, 30 ноя – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны столицӕйы бирӕпрофилон медицинон центры инфекцион рынчындоны къуырисӕры райсом ссыгъд трансформатор. Ныртӕккӕ цауы бынаты кусынц зынфӕдисонтӕ ӕмӕ ирвӕзынгӕнджытӕ, фехъусын кодта Sputnik УУМ пресс-секретарь Тедеты Роза.
"Ирвӕзынгӕнджытӕ рахицӕн кодтой трансформатор электрон хызӕгӕй, уымӕн ӕмӕ уый бахъыг дардтаид зынг хуыссын кӕнынӕн. Ныртӕккӕ бӕллӕхы бынаты кусынц зынгфӕдисонты дыууӕ къорды", - банысан кодтой уагдоны.
Цхинвалы инфекцион рынчындоны ис "сырх зонӕ", цы ран хос кӕнынц коронавирусӕй рынчынтӕ, се хсӕн ис рӕуджыты вентиляцимӕ иу пациенттӕ дӕр.
ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik. Транскавказаг автомагистралыл фӕндагон змӕлд сӕхгӕдтой хуыцаубоны 21.00 сахатыл ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ зӕйтӕ 'рцӕуыны тасы тыххӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
"Хуыцаубоны 21.00 сахатӕй сӕрмагонд барамынды онг Транскамыл уыдзӕн ӕхгӕд фӕндагон змӕлд", - дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.
Хуыцаубоны райсомӕй автомагистралы цӕгаттаг порталыл ӕрцыд чысыл зӕй, фӕлӕ фӕндагон службӕтӕ ӕвӕстиатӕй асыгъдӕг кодтой трассӕ.
Транскавказаг автомагистраль — иунӕг фӕндаг, кӕйы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ.
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ивгъуыд азы декабры ӕрурӕдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны 28 фехалӕджы, хъусын кӕӕы майрӕмбоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.
Мӕй раздӕр дӕр арӕнсӕтджыты ӕмӕ арӕны режим фехалджыты нымӕц уыд 28.
"Декабры цы фӕткхалджыты ӕрурӕдтой, уыдонӕй дӕс фехӕлдтой паддзахадон арӕӕы режим, 18 та – арӕнгӕрон режим. Комитеты арӕнгӕрон службӕ алкӕцы фӕткхӕлдты тыххӕй дӕр уагъд ӕрцыд басгӕрст, уыдон фӕдыл цыппар адӕймаджы ныхмӕ бакондӕуыд уголовон хъуыддӕгтӕ, 22 бафыстой ивартӕ, дыууӕйы та феддӕдуар кодтой республикӕйӕ", - банысан кодтой спецслужбӕйы.
ПӔК ма банысан кодтой, Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн уадзӕн пункттӕ дӕр нырма кӕй сты ӕхгӕд Хелчуайы уӕвӕг пунктӕй дарддӕр.