ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Столицӕйы хицауады хӕдзары раз бирӕ ӕзты дӕргъы лӕууыд нӕртон лӕджы скульптурӕ, адӕмы хсӕн йыл рфидар Нарт Батрадзы ном. Рацарӕзты фӕстӕ цырт-фонтан уырдыгӕй фӕтары ис, ныридӕгӕн ӕгадӕй бады цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады склады.
Йӕ автор Цхуырбаты Тамерланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый фӕнды "Батрадзы" фенын стыр парчы территорийыл.
Цырты бынат ныр та сфӕлыстой паддзахады фыццаг разамонӕг Хъуылымбегты Торезы бюст.
"Ӕз йӕ куыд зонын, афтӕмӕй ныридӕгӕн скульптурӕ ис горӕты цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады склады", - радзырдта Sputnik Хуссар Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг, цырты автор Цхуырбаты Тамерлан.
Уый бафтыдта, кӕй йӕ фӕнды цӕмӕй йын йӕ куыст раздахой столицӕйы стыр парчы территоримӕ.
"Стыр парчы бахизӕны ис ӕмбӕлон бынат, йӕ бахизӕ дуӕрттӕ дӕр конд сты мӕ проектмӕ гӕсгӕ. Иумӕйагӕй сисгӕйӕ та уым гӕнӕн ис скӕнын паркон скульптурӕты аллей. Ис мӕм нарты ӕндӕр хъайтарты ӕмӕ зындгонд гоймӕгты скульптурӕты чысыл формӕтӕ. Ацы куыст куы срӕвдз уа, уӕд фӕстӕ нӕ фӕлӕудзысты мӕ коллегатӕ дӕр", - бафтыдта уый.
Нарт Батрадзы цырт уацамонгӕйы нуазӕнимӕ ӕмӕ фонтанимӕ вӕрд ӕрцыд ӕнусы райдайӕны, фӕстӕдӕр фехӕлд йӕ фонтан.
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ивгъуыд азы декабры ӕрурӕдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны 28 фехалӕджы, хъусын кӕӕы майрӕмбоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.
Мӕй раздӕр дӕр арӕнсӕтджыты ӕмӕ арӕны режим фехалджыты нымӕц уыд 28.
"Декабры цы фӕткхалджыты ӕрурӕдтой, уыдонӕй дӕс фехӕлдтой паддзахадон арӕӕы режим, 18 та – арӕнгӕрон режим. Комитеты арӕнгӕрон службӕ алкӕцы фӕткхӕлдты тыххӕй дӕр уагъд ӕрцыд басгӕрст, уыдон фӕдыл цыппар адӕймаджы ныхмӕ бакондӕуыд уголовон хъуыддӕгтӕ, 22 бафыстой ивартӕ, дыууӕйы та феддӕдуар кодтой республикӕйӕ", - банысан кодтой спецслужбӕйы.
ПӔК ма банысан кодтой, Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн уадзӕн пункттӕ дӕр нырма кӕй сты ӕхгӕд Хелчуайы уӕвӕг пунктӕй дарддӕр.
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Нуазыны доны гъӕд горӕты резервуарты у ӕмбӕлон, къӕвда бонтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, загътой Sputnik Цхинвалы мэрияйы пресс-службӕйы.
Хуссар Ирыстоны цалдӕр бон цары къӕвда. Синопртикты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, улӕфт бонты ӕмӕ иннӕ къуырийы фыццаг ӕмбисы та уардзӕн мит. Столицӕйы администрацийы, "Водоканал"-ы информацийыл ӕнцойгӕнгӕйӕ, банысан кодтой, ӕвзӕр боныгъӕд бирӕ кӕй ницы бандӕвта доны гъӕдыл.
"Цалдӕр боны размӕ дон цыд змӕстӕй. Специалисттӕ дзы систой пробӕтӕ, доны гъӕд у стабилон. Нормӕйы фӕлгӕтты. Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ йӕ "Водоканал" баскары ӕрвылбон дӕр", - радзырдтой мэрияйы.
Уым ма банысан кодтой, зӕгъгӕ, кӕд доны гъӕ афтӕ февзр уа, ӕмӕ мауал бӕзза пайда кӕнынӕн, уӕд уайтагъд бафӕдзӕхсдзысты цӕрджыты.