Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 27 ног рынчыны

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы территорийыл сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 1904 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 894 сӕнӕниз сты

ЦХИНВАЛ, 27 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ  сбӕрӕг кодтой 27 рынчыны коронавирусон инфекцийӕ, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Ивгъуыд суткӕйы сарӕзтам 155 иртӕсты COVID-19-ы фӕдыл, уыдонӕй 27 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта Гаглойты Анна.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры Роспотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ COVID-19-ы фӕдыл
Гаглойты Аннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, медикты хъусдарды бын республикӕйы медицинон уагдӕтты ис 1061 адӕймаджы.

"Ивгъуыд суткӕйы медикты хъусдардӕй систой 30 пациенты", - бафтыдта уый.

Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы территорийыл сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 1904 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 894 сӕнӕниз сты.

Хуссар Ирыстоны 15 декабры онг ис арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ, ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой массон мадзӕлттӕ ауадзыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0