ЦХИНВАЛ, 4 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ агурынц сылгоймаджы, кӕцы ныууагъта йӕ ноггуырд сабийы Октябры уынджы хӕдзӕрттӕй иуы раз.
Горӕты мидхъуыддӕгты хайады куыд фехъусын кодтой Sputnik, афтӕмӕй хӕдзары хицӕуттӕ фехъусын кодтой милицимӕ, ивгъуыд ӕхсӕвы сӕ хӕдзары раз кӕй ссардтой ноггуырд сабийы.
"Уый у чызг. Саби нӕ райста травмӕтӕ, нӕ ныссалд. Ныр сывӕллоны бакодтой гуырӕн хӕдзармӕ, цы ран йе 'нӕниздзинадмӕ сӕ хъус дарынц дохтыртӕ", - загътой Мидхъуыддӕгты хайады.
Агентады ныхасӕмбалы ныхӕстӕм гӕсгӕ, барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ агурынц сывӕллоны мады.
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ивгъуыд азы декабры ӕрурӕдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны 28 фехалӕджы, хъусын кӕӕы майрӕмбоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.
Мӕй раздӕр дӕр арӕнсӕтджыты ӕмӕ арӕны режим фехалджыты нымӕц уыд 28.
"Декабры цы фӕткхалджыты ӕрурӕдтой, уыдонӕй дӕс фехӕлдтой паддзахадон арӕӕы режим, 18 та – арӕнгӕрон режим. Комитеты арӕнгӕрон службӕ алкӕцы фӕткхӕлдты тыххӕй дӕр уагъд ӕрцыд басгӕрст, уыдон фӕдыл цыппар адӕймаджы ныхмӕ бакондӕуыд уголовон хъуыддӕгтӕ, 22 бафыстой ивартӕ, дыууӕйы та феддӕдуар кодтой республикӕйӕ", - банысан кодтой спецслужбӕйы.
ПӔК ма банысан кодтой, Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн уадзӕн пункттӕ дӕр нырма кӕй сты ӕхгӕд Хелчуайы уӕвӕг пунктӕй дарддӕр.
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Нуазыны доны гъӕд горӕты резервуарты у ӕмбӕлон, къӕвда бонтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, загътой Sputnik Цхинвалы мэрияйы пресс-службӕйы.
Хуссар Ирыстоны цалдӕр бон цары къӕвда. Синопртикты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, улӕфт бонты ӕмӕ иннӕ къуырийы фыццаг ӕмбисы та уардзӕн мит. Столицӕйы администрацийы, "Водоканал"-ы информацийыл ӕнцойгӕнгӕйӕ, банысан кодтой, ӕвзӕр боныгъӕд бирӕ кӕй ницы бандӕвта доны гъӕдыл.
"Цалдӕр боны размӕ дон цыд змӕстӕй. Специалисттӕ дзы систой пробӕтӕ, доны гъӕд у стабилон. Нормӕйы фӕлгӕтты. Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ йӕ "Водоканал" баскары ӕрвылбон дӕр", - радзырдтой мэрияйы.
Уым ма банысан кодтой, зӕгъгӕ, кӕд доны гъӕ афтӕ февзр уа, ӕмӕ мауал бӕзза пайда кӕнынӕн, уӕд уайтагъд бафӕдзӕхсдзысты цӕрджыты.