Сывӕллӕтты омбудсмен радзырдта Цхинвалы хӕдзары раз ссаргӕ ноггуырды уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы гуырӕн хӕдзар
Цхинвалы гуырӕн хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывӕллӕтты барты фӕдыл ӕххӕстбарджын Козаты Гульнара радзырдта Sputnik, куыд хаты йӕхи ноггуырд саби, кӕцыйы райсом ссардтой Цхинвалы хӕдзӕрттӕй иуы къӕсӕрыл

ЦХИНВАЛ, 4 дек - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы хӕдзӕрттӕй иуы раз цы ноггуырд сабийы ссардтой, уый ӕнӕниздзинадӕн ницы тас у, фехъусын кодта Sputnik президенты цур сывӕллӕтты барты фӕдыл ӕххӕстбарджын Козаты Гульнара.

Сывӕллоны ныууагътой майрӕмбоны ӕхсӕвы Октябры уынджы иу хӕдзары къӕсӕрыл. Ныртӕккӕ республикӕйы мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ агурынц сылгоймаджы, кӕцы ныууагъта йӕ сабийы.

"Сывӕллоны баппӕрстой Цхинвалы цӕрӕг бинонтӕн. Райсом уыдон фӕдзырдтой милицимӕ, уый фӕстӕ сабийы уайтагъд акодтой гуырӕн хӕдзармӕ", - радзырдта омбудсмен.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, саби райгуырд ӕмгъуыдӕй раздӕр, фӕлӕ иумӕйагӕй йӕ цардӕн тас нӕу.

Цхинвалы гуырӕн хӕдзары куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй сывӕллоныл иу суткӕйӕ фылдӕр нӕ цӕуы – ӕвӕццӕгӕн уый баппӕрстой, куыддӕр райгуырд, афтӕ.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы хӕдзары раз ссардтой ноггуырд сабийы

Козаты Гульнара ма радзырдта ноггуырды фидӕны хъысмӕты тыххӕй дӕр.

"Кӕд сабийы ныййарджытӕ нӕ рабӕрӕг уой, уӕд ӕй тӕрхондоны уылты ратдзысты искӕцы бинонтӕн", - банысан кодта уый.

Уый тыххӕй та, адарддӕр кодта Козаты Гульнара, хъӕуы ӕрӕмбырд кӕнын ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документтӕ, уый фӕстӕ тӕрхондон аскъуыддзаг кӕндзӕн, кӕцы бинонты хсӕн хуыздӕр уыдзӕн ноггуырдӕн.

"Хуссар Ирыстоны тынг бирӕ бинонтӕ ис, кӕцыты фӕнды сывӕллон схъомыл кӕнын ӕмӕ, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, саби тагъд бахаудзӕн уарзӕгой бинонтӕм", - бахахх кодта сывӕллӕтты омбудсмен.

Цалынмӕ цауы лыстӕг хӕйттӕ бӕрӕг цӕуой, уӕдмӕ уал саби уыдзӕн РБМЦ гуырӕн хайады.

Ног хабӕртты лентӕ
0