ЦХИНВАЛ, 7 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы ӕрцыд ӕртӕ аварийы, сӕ фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 181 фӕткхалды", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Афтӕ ма, 30 ноябрӕй 7 декабрьмӕ фӕндӕгтыл ӕрурӕдтой ӕхсӕз нотджын шофыры, уый у иу адӕймаг фылдӕр ивгъуыд къуыримӕ абаргӕйӕ.
Уымӕй дарддӕр, уагдоны фехъусын кодтой, ивгъуыд къуырийы дӕргъы Хуссар Ирыстоны территорийыл регистрагонд кӕй ӕрцыд дыууӕ фыдракӕнды, кӕцытӕ раргом кодтой барадхъахъхъӕнӕг органтӕ. Бӕрнмӕ ӕрбаздахтой цалдӕр адӕймаджы, сӕ нымӕцы наркотикон буарадтӕй пайда кӕныны тыххӕй.
ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хъӕбӕр цардуагон ӕвзарӕнты пресс кӕнынӕн фӕзуаты арӕзтад балхынцъ ис, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады минӕвар Къацты Сослан.
Фӕзуат ис ног быроны полигоны цур, кӕцы сарӕзтой Цхинвалы районы Ирыхъӕуы. Уым сарӕзтой ангар, кӕдӕм ласдзысты бырон, уый фӕстӕ та йӕ пресс кӕндзысты. Уый фӕдыл бӕстыхайы сӕвӕрдтой сӕрмагонд техникӕ.
"Ифтонггарз кусы. Ӕвзарӕнтӕ пресс кӕнынӕн фӕзуатимӕ полигон цӕттӕ у эксплуатацимӕ раттынмӕ. Тагъд рӕстӕджы скусдзӕн", - банысан кодта Къацты Сослан.
Полигоны территорийыл сӕвӕрдтой вагонтӕ персоналӕн, афтӕ ма дзы ауагътой электрохызӕгтӕ, йӕ бацӕуӕнты та ӕвӕрд ӕрцыд асфальт.
Арӕзтады министрады специалисттӕ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ацы методикӕйы руаджы зынгӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн зианхӕссӕг ӕндӕвдад экологимӕ. Полигонӕй Присы иууыл ӕввахсдӕр цӕрӕг бӕстыхаймӕ у 2,5 километры. Йӕ эксплуатацийы ӕмгъуыд у 25 азы.
Объект арӕзт ӕрцыд инвестицион программӕйы фӕлгӕтты.
ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы 2021 азы бавналдзысты сывӕллӕтты стационарон лагеры арӕзтадмӕ, кӕцыйы уыдзӕн 150 бынаты. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады минӕвар Къацты Сослан.
Лагерь уыдзӕн Дзауы районы раздӕры турбазӕ "Мзиугом"-ы территорийыл.
"Лагеры уыдзысты алы уавӕртӕ дӕр улӕфынӕн. Йӕ территорийыл сараздзысты ӕнӕмӕнгхъӕугӕ инфраструктурӕ", - банысан кодта министрады минӕвар.
Къацты Сослан бафтыдта, зӕгъгӕ, арӕзтад цӕудзӕн дыууӕ этапы ӕмӕ балхынцъ уыдзӕн 2022 азы, фӕлӕ генералон нардуатисӕджы нырма нӕ равзӕрстой.
Республикӕйы Ахуырады министрады стационарон лагеры арӕзтад нымайынц ахсджиаг къахдзӕфыл. Министрады хъомылад ӕмӕ уӕлӕмхасӕн ахуырады дӕлхайады хистӕр Джиоты Эльзайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы нӕй базӕ сӕрдыгон улӕфтӕн сывӕллӕттӕн.
"Сывӕллӕттӕ раздӕр улӕфыдысты хъӕуты, ныр та афтӕ нӕу. Сабиты фылдӕр хай сӕрды баззайынц горӕты. Махӕн тынг ӕхсызгон у, кӕй нӕм фӕзындзӕн стационарон лагерь", - загъта Джиоты Эльза.
Ахуырады министрады минӕвар бахахх кодта, лагерь кӕй кусдзӕн сезонон каникулты рӕстӕджы, афтӕ ма йӕ нывӕндынц адих кӕнын фадгуытыл. Арӕзтад куыддӕр фӕуа, афтӕ Ахуырады министрады аскъуыддзаг кӕндзысты, цы фадгуытӕ дзы бакӕндзысты.