Митуард нӕ бандӕвта Транскам ӕмӕ Хуссар Иры фӕндӕгты уавӕрыл

© Sputnik / Наталья АйриянТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УУМ ӕмӕ МХМ минӕвӕрттӕ радзырдтой Транскам ӕмӕ республикӕйы фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй митуарды фӕстӕ

ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Къуырисӕры ӕхсӕвы митуард нӕ бандӕвта Транскавказаг автомагистралы куыстыл, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къаддӕр нозтджын шофыртӕ, фылдӕр аваритӕ: Хуссар Иры МХМ фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй

Хуссар Ирыстоны къуырисӕры ӕхсӕвы ӕруарыд мит. Синоптикты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕввахс бонты мит нал ӕруардзӕн.

"Ныртӕккӕ мит нӕ уары. Фӕндаг кусы хуымӕтӕг режимы. Фӕндаг кӕй сӕхгӕндзысты, ууыл дзырд нӕ цӕуы", - загъта агентады ныхасӕмбал.

Мит нӕ бандӕвта республикӕйы фӕндӕгтыл уавӕрыл дӕр. Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы кусӕг Джиоты Алик куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй горӕт ӕмӕ районты не рцыд фӕндагон-транспортон цаутӕ.

Амӕйразмӕ Паддзахадон автоинспекцийы хистӕр, милицийы инӕлар-майор Джиоты Алан ӕрсидт шофыртӕм, цӕмӕй рахизой зымӕгон резинӕмӕ.

Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0