ЦХИНВАЛ, 9 дек - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Законтӕ, кӕцытӕ райста Хуссар Ирыстоны фыццаг хӕдбар парламент, уыдысты иттӕг хорз, фехъъусын кодта Sputnik фыццӕгӕм ӕрсидты депутат, ӕртыккӕгӕм ӕмӕ цыппӕрӕм ӕрсидты парламенты сӕрдар Коцты Станислав.
Хуссар Ирыстоны парламентмӕ фыццаг ӕвзӕрстытӕ ацыдысты 1990 азы 9 декабры. Парламенты сконды уӕд уыд 64 адӕймаджы. Фыццаг депутаттӕ райстой законтӕ, кӕцытӕ уыдысты бындурон паддзахадӕн.
"Фыццаг ӕвзӕрстытӕ цыдысты хӕдбар паддзахады. Ирыстоны историйы ахсджиаг мадзалмӕ иууылдӕр дардтой бӕрнон ахаст – депутаттӕм кандидаттӕ ӕмӕ Централон ӕвзарӕн къамис дӕр. Алцыдӕр ацыд бӕрзонд ӕмвӕзадыл", - банысан кодта Коцты Станислав.
Уый бахахх кодта, ацы ӕвзӕрcтытӕ кӕй сты демократийы цӕвиттон.
"Уыцы рӕстӕджы уыд ӕцӕг конкуренци, кандидаттӕ кӕрӕдзийыл цъыф нӕ калдтой. Уый фӕдыл фыццаг ӕвзӕрстытӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕцӕг адӕмон парламент – Уӕлдӕр Совет. Адӕмӕн уыд стыр энтузиазм, ӕвзарджытӕ дӕр зӕрдиагӕй цыдысты хъӕлӕсдӕттынмӕ", - банысан кодта политик.
Коцты Станислав зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, фыццаг ӕрсидты скондмӕ кӕй бахызтысты алыгъуызон фадгуыты минӕвӕрттӕ, кӕцытӕ иумӕйагӕй арӕзтой Хуссар Ирыстоны паддзахады бындур.
Хуссар Ирыстоны национ парламентмӕ фыццаг ӕвзӕрстытӕ цыдысты 69 зылды. Ӕвзарджыты иумӕйаг нымӕц уыд 66 мин адӕймаджы, хъӕлӕсдӕттыны та хайад райстой 48 мин адӕймаджы. Фӕстӕдӕр депутатты нымӕц фӕфылдӕр кодтой 75 онг.
ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы БАМ-ы микрорайонмӕ ӕхсӕнадон траспорты фӕндаг сӕхгӕнынц фӕндаггӕрон урӕд хӕдтулгӕтӕ. Автобусы шофрты бахъӕуы фӕндагон змӕлды тӕмӕны фӕстӕмӕ цыдӕй бацӕуын лӕууӕндонмӕ.
Цхинвалы ӕфсӕддон городокмӕ фӕндаг Плиты Ароны уынгыл фарон цалцӕг куы цыд уӕддӕр ссис хъаугъайаг, уӕд цӕрджытӕ домтой цӕмӕй йӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕной. Фӕндаг арӕзт ӕрцыд домӕнтӕм гӕсгӕ, уӕддӕр разынд проблемон. Ам уӕвӕг Уӕрӕсейы ӕфсӕддон базӕйы кусджытӕ сӕ хӕдтулгӕтӕ кӕй ӕруромынц, уымӕ гӕсгӕ дзы рӕстмӕ азмӕлӕн нал вӕййы.
"Фӕндаг арӕзт куы фӕцис, уӕд фӕндаггӕрон сӕвӕрдтой бордюртӕ. Раздӕр ӕфсӕддонтӕ кӕд сӕ хӕдулгӕтӕ урӕдтой Афганистаны хӕстонты цырты цур, уӕд дзы ныр бахизӕн нал ис. Уымӕ гӕсгӕ фӕндаггӕрон байдзаг вӕййы хӕдтулгӕтӕй ӕмӕ рейсон автобустӕн нал вӕййы бацӕуӕн",- загъта районы цӕрӕг Эльбрус.
Ӕрӕджы рейсон автобус уынгӕг фӕндагыл раскъуыдта йӕ кӕсӕн, хӕдтулгӕйы бардарӕг домы дӕс мин.
Фарст алыг кӕныны нысанӕн паддзахадон автоинспекци сӕвӕрдта пост.
"Уавӕр хынцгӕйӕ мах сӕвӕрдам уӕлӕмхас пост ацы ран. Нӕ инспектортӕ сӕ хъус дарынц уавӕрмӕ райсом 7:30-ӕй 9 сахатмӕ Фӕстӕдӕр ам сывӕрдзыстӕм фӕндагон нысӕнттӕ, кӕцытӕ фӕдзӕхсдзысты, цӕмӕй ам хӕдулгӕтӕ ма уромой. Фӕткхалджытӕ ивар цӕуыдзысты", - загъта Sputnik паддзахадон автоинспекцийы агитаци ӕмӕ пропагандӕйы хистӕр инспектор Уалыты Альма.
ЦХИНВАЛ, 25 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы 8-ӕм июны уынгыл дыццӕджы ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ) фондз хӕдтулгӕйы хайадистӕй.
Цӕстӕйфенджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ВАЗ-2121 хӕдтулгӕ сӕмбӕлд фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕйыл, кӕцы лӕууыд йӕ разӕй, ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн ӕндӕр хӕдтулгӕтӕ дӕр бахъыгдард сты. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ФТЦ фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй. Аварийы цы хӕдтулгӕтӕ истой хайад, уыдоны шофырты арвыстой медицинон басгӕрстмӕ.
Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 2020 азы республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд 137 фӕндагон-транспортон цауы. Азы райдайӕнӕй паддзахадон статистикӕмӕ бахаудтой дӕс ФТЦ-йӕ цъусдӕр.