Уӕрӕсейаг танкисттӕ Хуссар Иры райдыдтой цӕттӕ кӕнын АрМИ-2021-мӕ

© Пресс-служба ЮВОУӕрӕсейаг танкисттӕ Хуссар Иры райдыдтой цӕттӕ кӕнын АрМИ-2021-мӕ
Уӕрӕсейаг танкисттӕ Хуссар Иры райдыдтой цӕттӕ кӕнын АрМИ-2021-мӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕфсӕддон ӕхсӕнадӕмон хъӕзтытӕ райдайдзысты 2021 азы августы кӕрӕтты. Хъӕзтытӕм цӕттӕ кӕнынц 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы танкисттӕ дӕр

ЦХИНВАЛ, 11 дек - Sputnik. АрМИ-2021 "Танкон биатлон" конкурсы ӕвзарӕн этапмӕ цӕттӕкӕнынад райдыдта уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы Хуссар Ирыстоны, хъусын кӕны майрӕмбоны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ иумӕйаг тыхтӕй скуынӕг кодтой ныхмӕлӕууӕджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ иумӕйаг тыхтӕй скуынӕг кодтой "ныхмӕлӕууӕджы"

Хуссар Ирыстонӕй дарддӕр, ахуыртӕ уагъд цӕуынц Цӕгат Ирыстон, Ростовы ӕмӕ Волгограды областты, Хъырымы, Дагестаны, Цӕцӕны ӕмӕ Адыгейы, афтӕ ма ӕфсӕддон базӕты Абхаз ӕмӕ Сомихы. Иумӕйагӕй ӕвзарӕн этапы хайад райсдзысты 330 танкон экипажӕй фылдӕр.

"Т-90 и Т-72Б3 танкты механиктӕ-шофыртӕ кусынц зын трассӕтыл скъӕрыныл. Афтӕ ма, экипажтӕ ӕххӕст кӕнынц ахуыртӕ бынатӕй ӕмӕ скъӕргӕйӕ ӕхсынӕй 900 метрӕй 2200 метрмӕ дистанцитӕм", - радзырдтой зылды.

Конкурс "Танкон биатлон" ис Ӕфсӕддон ӕхсӕнадӕмон хъӕзтыты программӕйы. Ӕвзарӕн этаптӕ ӕфсӕддон дӕлхайӕдты райдайдзысты 2021 азы райдайӕны. Уӕлахиздзаутӕ дарддӕр ерыс кӕндзысты ӕфсӕддон зылды масштабы.

Ног хабӕртты лентӕ
0