Цхинвалы хӕдзары раз кӕцы сабийы ссардтой, уый акодта йӕ мад

CC0 / Pixabay / Ноггуырд саби
Ноггуырд саби - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ноггуырд сабийы мад дыккаг бон йӕхӕдӕг бацыд йӕ сывӕллонмӕ. Медиктӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, сылгоймагӕн уыд депресси

ЦХИНВАЛ, 11 дек – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы хӕдзары раз цы сабийы ныууагътой, уый райгуырӕн мад бамбӕрста йӕ рӕдыд ӕмӕ акодта сабийы хӕдзармӕ, фехъусын кодта Sputnik сывӕллӕтты барты фӕдыл ӕххӕстбарджын минӕвар Козаты Гульнара.

Цау ӕрцыд ивгъуыд къуыри – сабийы ӕхсӕвы ныууагътой Октябры уынджы хӕдзӕрттӕй сӕ иуы раз. Райсом хӕдзары хицау бадзырдта милицимӕ, барадхъахъхъӕнӕг органтӕ райдыдтой агурын сабийы мады.

"Саби йӕхи хорз хаты, уый у ӕнӕниз, ӕмӕ ис йӕ мады цур. Дыккаг бон сабийы райгуырӕн мад бамбӕрста йӕ рӕдыд ӕмӕ йӕхӕдӕг ӕрбацыд. Дохтыртӕ загътой, сылгоймагӕн кӕй уыд депресси, фӕлӕ стӕй алцыдӕр бамбӕрста. Сылгоймаг цыд сабимӕ рынчындонмӕ, знон сӕ рафыстой хӕдзармӕ", - радзырдта Козаты Гульнара.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сылгоймагӕн ис ӕндӕр сывӕллӕттӕ дӕр, кӕцытӕ никуы баззайынц ӕнӕ хъусдардӕй.

Цхинвалы гуырӕн хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сывӕллӕтты омбудсмен радзырдта Цхинвалы хӕдзары раз ссаргӕ ноггуырды уавӕры тыххӕй

Козаты Гульнара бахахх кодта, сылгоймагмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кастаит бӕрн, саби куы баззадаит уазалы, фӕлӕ уый не рцыд.

"Ӕз ныхас кодтон психологтимӕ, кӕцытӕ загътой, афтӕ арӕх кӕй ӕрцӕуы. Бинонтӕ зын цардуагон уавӕрты куы вӕййынц, уӕд ӕрцӕуынц ахӕм цаутӕ", - загъта уый.

Омбудсмен ма банысан кодта, сабийы райгуырӕн мады куы нӕ ссардтаиккой, уӕд чызджы тӕрхондоны уылты акодтаиккой ӕндӕр бинонтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0