ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны пандемимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ бакӕндзысты ногазон армукъа. Рӕстӕгмӕ базар ӕрбынат кӕндзӕн столицӕйы Харебаты Исахъы уынгыл, фехъусын кодта Sputnik горӕты администрацийы кусӕг Къобесты Маирбег.
"Пандемимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ уӕддӕр аскъуыддзаг кодтам бакӕнын ногазон армукъа, уымӕн ӕмӕ уӕддӕр адӕмы хъӕуы самал кӕнын наз бӕлӕстӕ ӕмӕ сӕ хъазӕнтӕ. Рӕстӕгмӕ базар кусдзӕн 15-31 декабрьмӕ", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕм куырдиаттӕ ӕрбацыд 25 амалиуӕгдарӕй, кӕцыты фӕнды уыцы базар кӕнын.
"Ӕмткӕй базары раз бацӕудзӕн 28 адӕймаджы базарадон цатыры, фӕлӕ сӕ нымӕц бирӕ куы вӕййы, уӕд сын рахицӕн кӕнӕм бынат республикон библиотекӕйы раз", - бафтыдта Къобесты Маирбег.
Ногазон армукъа ӕрвылаз бакӕнынц Цхинвалы базары раз, уым балхӕнӕн вӕййы ногазон хъазӕнтӕ ӕмӕ аразгӕ наз бӕлӕстӕ.
ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik. Транскавказаг автомагистралыл фӕндагон змӕлд сӕхгӕдтой хуыцаубоны 21.00 сахатыл ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ зӕйтӕ 'рцӕуыны тасы тыххӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
"Хуыцаубоны 21.00 сахатӕй сӕрмагонд барамынды онг Транскамыл уыдзӕн ӕхгӕд фӕндагон змӕлд", - дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.
Хуыцаубоны райсомӕй автомагистралы цӕгаттаг порталыл ӕрцыд чысыл зӕй, фӕлӕ фӕндагон службӕтӕ ӕвӕстиатӕй асыгъдӕг кодтой трассӕ.
Транскавказаг автомагистраль — иунӕг фӕндаг, кӕйы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ.
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ивгъуыд азы декабры ӕрурӕдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны 28 фехалӕджы, хъусын кӕӕы майрӕмбоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.
Мӕй раздӕр дӕр арӕнсӕтджыты ӕмӕ арӕны режим фехалджыты нымӕц уыд 28.
"Декабры цы фӕткхалджыты ӕрурӕдтой, уыдонӕй дӕс фехӕлдтой паддзахадон арӕӕы режим, 18 та – арӕнгӕрон режим. Комитеты арӕнгӕрон службӕ алкӕцы фӕткхӕлдты тыххӕй дӕр уагъд ӕрцыд басгӕрст, уыдон фӕдыл цыппар адӕймаджы ныхмӕ бакондӕуыд уголовон хъуыддӕгтӕ, 22 бафыстой ивартӕ, дыууӕйы та феддӕдуар кодтой республикӕйӕ", - банысан кодтой спецслужбӕйы.
ПӔК ма банысан кодтой, Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн уадзӕн пункттӕ дӕр нырма кӕй сты ӕхгӕд Хелчуайы уӕвӕг пунктӕй дарддӕр.