Цхинвалы сног кодтой сывӕллӕтты вакцинаци

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæШприц
Шприц - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы сывӕллӕты рынчындоны поликлиникӕйы хайады хистӕр Хӕныкъаты Ларисайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм куыст нӕ цыд рагӕй

ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сног кодтой сывӕллӕтты вакцинаци, кӕцы бахъуыд рӕсгӕгмӕ ӕруромын коронавирусы апарахатимӕ сӕвзӕргӕ уавӕры фӕдыл. Уый тыххӕй фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сывӕллӕты рынчындоны поликлиникӕйы хайады хистӕр Хӕныкъаты Лариса.

Дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕстаг ӕртӕ мӕйы сывӕллӕттӕ вакцинаци нӕ цыдысты.

"Райдыдтам нывӕзтгонд иммунизаци. Фыццаг рады уал араздзыстӕм туберкулезы ныхмӕ (БЦЖ-М), уымӕн ӕмӕ сӕвзӕргӕ уавӕрты кӕцыдӕр сабитӕн нӕ сарӕзтой уый", - загъта медик.

Вакцинаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры райдайдзӕн гриппы ныхмӕ вакцинаци
Хӕныкъаты Лариса банысан кодта, ацы дыууӕ къуыри ма кӕй цӕудзӕн вакцинаци сырхы низы фӕдыл.

"Сывӕллӕты ацы низы ныхмӕ вакцинаци цӕуынц иу аз ӕмӕ ӕхсӕз азы кары. Фӕстаг ӕртӕ мӕйы куыст кӕй нӕ уыд сӕвзӕргӕ уавӕры тыххӕй, уымӕ гӕсгӕ йӕ ныр хъӕуы баххӕст кӕнын. Ацы прививкӕ домынц скъолатӕм ӕмӕ сабидӕттӕм", - бафтыдта уый.

Поликлиникӕйы хайады хистӕр ма бафтыдта, арӕзт кӕй цӕуынц ӕндӕр нывӕзтгонд вакцинатӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0