"Стыр Ныхас" сарæзта хъусинаг Цхинвалы протестон акцийы фæдыл

© Пресс-служба президента РЮОКучиты Руслан
Кучиты Руслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы центры театралон фæзуатыл ныр 11 бон цæуы Дзабиты Инал, кæцы амард барадхъахъхъæнæг органтæм, уый бинонты æнæразыдзинады акци, йæ хиуæтты домæны нымæцы ис рæстаг сгæрст æмæ генералон прокуроры отставкæ

ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Æз хъæддыхæй сидын Республика Хуссар Ирыстоны хицауадмæ æмæ барадхъахъхъæнæг органты разамонджытæм, цæмæй фæхоной сæхимæ Дзабиты Иналы мад, бинонты, мыггаджы хистæрты æмæ æргомæй баныхас кæной иумæ цы гæнгæ у дарддæр, ууыл, хъусын кæны  "Стыр ныхас"-ы сайт Кучиты Русланы хъусинаг.

"Цыфæнды быцæуæн дæр ис æрмæстдæр иу хорз мадзал алыг кæнынæн - æргом æмæ комкоммæ ныхас кæрæдзийы ныхмæ 'рбадгæйæ, кæрæдзийы цæстытæм кæсгæйæ. Кæмæн æмбæлы, уыдон хъуамæ дзыллон информацион фæрæзты фæрцы адæмæн иудадзыг æмбарын кæной хъуыддагмæ æркасты уавæр, цæмæй адæм дам-думтæй ма кæной сæ хатдзæгтæ; - кæд ныры рæстæг алы паддзахад дæр йæ закъонтæм гæсгæ цæры, уæддæр ирон адæмæй сæ фыдæлты Фарн æмæ Æгъдау абон дæр хъуамæ рох ма уой. Уыдоны фæрцы ис райхалæн бирæ здыхт къуыбылойтæ. Мыггæгты хистæртæ æмæ æхсæнады кадджын лæгтæ сæхимæ хъуыддагмæ Æгъдауы бындурыл æркæсыны æмæ бафидауыны хæс куы райсиккой, уæд уый æнæмæнг хорз фæахъаз уаид", - дзырдæуы сæ хъусинаджы.

Цхинвалы дарддӕр цӕуы Дзабиты Иналы бинонты акци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы дарддӕр цӕуы Дзабиты Иналы бинонты акци
Сæ хъусинагæй ма бæрæг у, кæд цау æрцыд Хуссар Ирыстоны, уæддæр тыхсын кæны Цæгат Иры адæмы дæр.

"Кæд уым ис хицæн хæдбар паддзахад, уæддæр махæн ирон адæм сты иу, æмæ Цхинвалы цаутæ Дзæуджыхъæуы дæр адæмы тынг тыхсын кæнынц. Уыимæ ма дзы уыцы фыдракæнды иуæй-иутæ архайынц политикон мидис бавæрыныл, æмæ уый хорзмæ никæй 'ркæндзæн. Адæмы дæр æмæ хицауады дæр бамбарын хъæуы, ахæм карз хъуыддæгтæ горæты фæзты æмæ митингты алыг кæнæн нæй, уыцы хуызы уавæр ноджы карздæр кæны", - дзырдæуы тексты.

Уым ма ис æрсидт, цæмæй уавæр знæгты фæндиаг ма фæуа.

Ног хабӕртты лентӕ
0