Хуссар Иры Знауыры районы басыгъд хисӕрмагонд хӕдзар

© Sputnik / Aram Nersesyan /  Ахизын медиабанкмæЗынгсирвӕзт
Зынгсирвӕзт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъӕдын хӕдзар ӕд мулк ӕмӕ мигӕнӕн иууылдӕр басыгъд, зынгӕй ницы бантыст байсын, фехъусын кодтой знауыраг УУМ-ы

ЦХИНВАЛ, 17 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Хъорнисы хъӕуы басыгъд хисӕрмагонд хӕдзар, фехъусын кодтой Sputnik уӕлвӕткон уавӕрты министрады радгӕсон службӕйы.

"Бӕстыхай ссыгъд ӕртыццӕджы изӕры фараст сахатмӕ ӕввахс. Дыууӕ къорды куыста зынгсирвӕзт ахуыссын кӕныныл - Знауыры районы ӕмӕ столицӕйы хайадӕй. 20:43 ӕртыццӕджы ацыд районы къорд, 20: 46 та - горӕты зынгирвӕзты ныхмӕ тохы къорд", - загътой уагдоны. 

Хъӕдын хӕдзар зынгфӕдисонты бацыдмӕ ӕд мулк ӕмӕ мигӕнӕн иууылдӕр басыгъд, зынгӕй ницы бантыст байсын, бафтыдтой УУМ.

Ног хабӕртты лентӕ
0