Йӕ бынтӕ ӕмбырд кӕнӕм мургай: Хуссар Иры культурӕйы министр Абайты Уасойы музейы тыххӕй

© архивное фотоАбайты Уасо
Абайты Уасо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуыргонды хӕдзар-музей басыгъд 2008 азы ирон-гуырдзиаг хӕсты рӕстӕджы. Хӕдзаримӕ иумӕ басыгъдысты йӕ бынтӕ дӕр

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрад цӕттӕ кӕны ирон гениалон ахуыргонд, ирзонӕдты профессор Абайты Уасойы хӕдзар-музей бакӕнынмӕ. Объектыл ӕппӕт куыстытӕ дӕр ныридӕгӕн ӕххӕст фесты, фехъусын кодта Sputnik министрады сӕргълӕууӕг Зассеты Жанна.

15 декабры Абайты Уасойы райгуырдыл сӕххӕст ис 120 азы.

"Фӕндыд нӕ йӕ юбилей бон бакӕнын Уасойы хӕдзар-музей, фӕлӕ хатӕнтӕ сты къаннӕг ӕмӕ сӕвзӕргӕ уавӕрты бирӕ адӕм ӕмбырд кӕнын нӕ банымадтам растыл", - загъта Зассеты Жанна.

Уый ма банысан кодта, хӕдзары бакондимӕ кӕй фӕнд кӕнынц ӕрхонын уазджыты Цӕгат Ирыстонӕй дӕр.

"Хатӕнтӕ сты цӕттӕ, ӕфснайд. Цадӕггай йӕ ӕххӕст кӕнӕм, йӕ бынтӕ йын ӕмбырд кӕнӕм мургай. Адӕм ын цы лӕвар кодтой, уыдонӕй цыдӕртӕ радтой музеймӕ", - бафтыдта министр.

Битарты Зоя - Sputnik Хуссар Ирыстон
Битарты Зоя йӕ ног чиныджы тыххӕй: мыхуыр æрцæудзæн Абайты Уасойыл фыст ӕрмæг иууылдӕр

Ахуыргонды хӕдзар-музей басыгъд 2008 азы ирон-гуырдзиаг хӕсты рӕстӕджы. Хӕдзаримӕ иумӕ басыгъдысты йӕ бынтӕ дӕр.

Абайты Уасо райгуырд 1900 азы 2 декабры (15 декабры ног нымадмӕ гӕсгӕ). Ис ын бирӕнымӕц бындурон куыстытӕ. Дунейы иууыл тынгдӕр йӕ ном айхъуыст, куыд ирон ӕвзаджы историкон-этимологон дзырдуаты автор, цыран уый сахуыр кодта ирон дзырдты ратӕдзӕнтӕ, раиртӕста ирон ӕвзаджы бастдзинӕдтӕ ирайнаг ӕмӕ индоевропейаг ӕвзӕгтимӕ. Ирыстоны зонады иууыл ирддӕр минӕвары ном хӕссынц уынгтӕ Цхинвалы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы, ацы дыууӕ горӕты йын ӕвӕрд ис цыртытӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0