ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны спортсменкӕтӕ ӕнтыстджынӕй стох кодтой Цӕгат Ирыстоны чемпионаты уӕлыстол теннисӕй. Чызджытӕ бацахстой кады пьедесталы фылдӕр хай, фехъусын кодта Sputnik Федерацийы хистӕр Джиоты Мириан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ ралӕудты фӕрцы чызджытӕ бацыдысты Цӕгат Ирыстоны ӕмбырдгонды скондмӕ ӕмӕ январы хъахъхъӕндзысты республикӕйы спортивон кад Цӕгат Кавказы федералон зылды ерысты.
"Цӕгат Иры чемпионаты Елбачиты Ирина ссис уӕлахиздзау, дыккаг бынат бацахста нӕ аннӕ спортсменкӕ Кокойты Аманда. Нӕ ӕртыккаг минӕвар Джиголаты Алана ссис цыппӕрӕм, фӕлӕ уый дӕр бакодтой ӕмбырдгонды скондмӕ",- загъта тренер.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, карантин ӕмӕ стыр конкуренцимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ чызджытӕ сӕхи равдыстой иттӕг хорз.
"Карантины аххосӕй лӕмбынӕгӕй цӕттӕ кодтам нӕхи ӕрмӕст фӕстаг къуыри, уый тыххӕй нын уӕлдай ӕхсызгон у нӕ ӕнтыст",- бафтыдта уый.
Чемпионаты архайдта 30 спортсменкӕйы онг. Фӕсивӕды цӕттӕ кӕнынц Джиоты Мириан ӕмӕ Уалыты Ирина.
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ивгъуыд азы декабры ӕрурӕдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны 28 фехалӕджы, хъусын кӕӕы майрӕмбоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.
Мӕй раздӕр дӕр арӕнсӕтджыты ӕмӕ арӕны режим фехалджыты нымӕц уыд 28.
"Декабры цы фӕткхалджыты ӕрурӕдтой, уыдонӕй дӕс фехӕлдтой паддзахадон арӕӕы режим, 18 та – арӕнгӕрон режим. Комитеты арӕнгӕрон службӕ алкӕцы фӕткхӕлдты тыххӕй дӕр уагъд ӕрцыд басгӕрст, уыдон фӕдыл цыппар адӕймаджы ныхмӕ бакондӕуыд уголовон хъуыддӕгтӕ, 22 бафыстой ивартӕ, дыууӕйы та феддӕдуар кодтой республикӕйӕ", - банысан кодтой спецслужбӕйы.
ПӔК ма банысан кодтой, Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн уадзӕн пункттӕ дӕр нырма кӕй сты ӕхгӕд Хелчуайы уӕвӕг пунктӕй дарддӕр.
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Нуазыны доны гъӕд горӕты резервуарты у ӕмбӕлон, къӕвда бонтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, загътой Sputnik Цхинвалы мэрияйы пресс-службӕйы.
Хуссар Ирыстоны цалдӕр бон цары къӕвда. Синопртикты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, улӕфт бонты ӕмӕ иннӕ къуырийы фыццаг ӕмбисы та уардзӕн мит. Столицӕйы администрацийы, "Водоканал"-ы информацийыл ӕнцойгӕнгӕйӕ, банысан кодтой, ӕвзӕр боныгъӕд бирӕ кӕй ницы бандӕвта доны гъӕдыл.
"Цалдӕр боны размӕ дон цыд змӕстӕй. Специалисттӕ дзы систой пробӕтӕ, доны гъӕд у стабилон. Нормӕйы фӕлгӕтты. Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ йӕ "Водоканал" баскары ӕрвылбон дӕр", - радзырдтой мэрияйы.
Уым ма банысан кодтой, зӕгъгӕ, кӕд доны гъӕ афтӕ февзр уа, ӕмӕ мауал бӕзза пайда кӕнынӕн, уӕд уайтагъд бафӕдзӕхсдзысты цӕрджыты.