Митуард нӕ бандӕвта автотранспорты змӕлдыл Транскамы – УУМ

© МЧС РЮОМитуард нӕ бандӕвта автотранспорты змӕлдыл Транскамы
Митуард нӕ бандӕвта автотранспорты змӕлдыл Транскамы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Митуард, кӕцы райдыдта дысон ӕхсӕв, адарддӕр уыдзӕн дыууӕ боны дӕргъы. Хуссар Ирыстоны УУМ радзырдтой Трнамскамы уавӕры тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 23 дек – Sputnik, Козаты Диана. Транскавказаг магистралы уылты автотранспорты змӕлд цӕуы хуымӕтӕг режимы, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады.

Республикӕйы дысон ӕхсӕв ӕруарыд мит. Синоптикты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ахӕм боныгъӕд уыдзӕн дыууӕ боны дӕргъы.

"Трассӕйы уавӕр у хорз. Ныртӕккӕ Транскамы хуссайраг фарс мит нӕ уары, ӕхсӕвы дӕр бирӕ не ‘руарыд, хӕдтулгӕтӕ ӕнӕ проблемӕтӕй скъӕрынц", - радзырдтой УУМ.

Диспетчер бафтыдта, зӕгъгӕ, фӕндагон службӕтӕ сӕ хъус дарынц магистралы уавӕрмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0