ЦХИНВАЛ, 24 дек - Sputnik. Фӕцӕрӕн минимум ацы азы ӕртыккаг кварталӕн Хуссар Ирыстоны рацыд 10 884 сомы, хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.
Фӕцӕрӕн минимумы бӕрц сфидар кодтой хицауады рабадтыл.
"Фӕцӕрӕн минимум рацыд 10 884 сомы (дыккаг кварталы – 11 247 сомы). Социалон-демографион къордтӕн: куыстхъом цӕрджытӕн – 11 701 (12 111 сомы дыккаг кварталы), пенсиисджытӕн – 8 928 сомы 9 170 сомы дыккаг кварталы), сывӕллӕттӕн – 11 814 (12 230 сомы дыккаг ӕрдӕгазы)", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Хицауады бафиппайдтой, дыккагмӕ абаргӕйӕ ӕртыккаг кварталы фӕцӕрӕн минимумы бӕрц фӕкъаддӕр ис 363 сомы.
ЦХИНВАЛ, 20 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий снысан кодта хицауады раздæры сæрдар Пухаты Эрикы йæ паддзахадон уынаффæгæнæгæй экономикон фарстыты фæдыл, фехъусын кодтой президенты администрацийы.
Эрик Георгийы фырт, кæцы 2017 азы маййæ 2020 азы августы онг лæууыд республикæйы хицауады сæргъ, раивта ацы бынаты Джуссойты Сосланы - уый президент ссæрибар кодта йæ куыстæй ивгъуыд аз декабры кæрон.
Пухаты Эрик Георгийы фырт райгуырд 1957 азы 5 майы РХИ-ы Знауыры районы Схлиты хъæуы.
1982 азы каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон педогогон институты "Математикæ æмæ физикæ"-йы факультет.
Фæллойадон архайды рæстæджы куыста Цхинвалы консерваразæн заводы, каст лекцитæ ХИПУ-ы.
2005 азы слæууыд РХИ Паддзахадон статистикæйы управленийы сæргъ.
2014 азы апрелы нысан æрцыд РХИ хицауады сæргълæууæджы хæдивæгæй.
Хорзӕхджын у Хуссар Ирыстоны майданӕй "Фӕллойады сгуыхтдзинад", Днестргӕрон Молдаваг республикӕйы майданӕй "Ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстады фидар кыныны тыххӕй".
Ис ын бинонтӕ, ӕртӕ хъӕбулы.
ЦХИНВАЛ, 20 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны рынчындоны интенсивон терапийы хайады ис цыппар пациенты коронавирусимӕ, радзырдта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы хистӕр Коцты Марина.
Хуссар Ирыстоны коронавирусы пандемийы райдианӕй сарӕзтой 14577 иртӕсты, уыдонӕй 2652 равдыстой тӕссаг инфекцион низы уӕвынад.
"Ивгъуыд суткӕйы сарӕзтӕуыд 132 тесты, уыдонӕй 37 адӕймагӕн разынд COVID-19", - загъта Коцты Марина.
Стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл республикӕйы сты 923 адӕймаджы, уыдонӕй 84 хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.
Сӕйраг санитарон дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Ленингоры рынчындоны коронавирусимӕ тох кӕнынц ӕхсӕз рынчыны, Къуаисайы та - авд.