ЦХИНВАЛ, 25 дек — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны уагъд ӕрцыд республикӕйы цӕрӕг уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты VIII конференци. Мадзал ацыд уӕрӕсейаг минӕварады Цхинвалы.
Уазджыты раз ралӕууыд уӕрӕсейаг минӕвар Марат Кулахметов, кӕцы банысан кодта уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты организациты продуктивон архайд.
Уый ма банысан кодта уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджыты ассоциацийы куыст дӕр ӕмӕ сын бузныг загъта Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг ӕвзаг ӕмӕ культурӕ парахат кӕныны хъуыддагмӕ сӕ хайбавӕрды тыххӕй.
Уӕрӕсейаг минӕвар схорзӕхджын кодта грамотӕтӕй активисты, кӕцытӕ хайад истой ацы аз июлы Уӕрсейы конституцимӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл хъӕлӕсӕппӕрст бацӕттӕ кӕныны хъуыддаджы.
Ӕрӕмбырдуӕвджыты раз ма раныхас кодта ӕхсӕнадон организаци "Союз российских граждан РЮО"-йыфӕсивӕдон къабазы сӕргълӕууӕг Харебаты Марта.
"Ацы мадзал у уникалон фадат курдиатджын фӕсивӕдӕн сӕ нывӕзттӕ ӕмӕ фндтӕ раргом кӕнынӕн", - банысан кодта уый.
Уый фӕстӕ бакӕнгӕ куыстытӕн хатдзӕгон доклад бакаст организацийы минӕвар Наталья Жуйкова, уый радзырда фӕстаг дыууӕ азы дӕргъы бакӕнгӕ куыстыты тыххӕй.
Конференци уагъд фӕцӕуы алы дыууӕ азы дӕр, уыимӕ ма равзарынц уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты координацион советы сӕргълӕууӕджы. Ӕрӕмбырдуӕвджыты иумӕйаг хъӕлӕсӕппӕрстӕй ныр та ӕхсӕнады сӕргъ слӕууыд Светлана Катаева. Уый ацы бынаты раивта Наталья Жуйковайы.
ЦХИНВАЛ, 22 янв – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацы аз ацæудзæн фыццаг æхсæнадæмон сфæлдыстадон форум æвзонг адæмæн, фехъусын кодта фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентина Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-конференцийы рæстæджы.
Мадзалы ма дзырд цыд Хуссар Иры волонтерты куыстыл, фæсивæды хайадистыл республикæйы æхсæнадон царды, Уæрæсе æмæ æндæр бæстæты фæсивæдимæ æмгуыстадыл.
"Форум уыдзæн æхсæнадæмон. Нæ чызджытæ æмæ лæппутæ базонгæ уыдзысты Цæгат Кавказы республикæты æмæ чизоны æндæр бæтæты курдиатджын сфæлдыстадон фæсивæдимæ. Бирæ ирæттæ цæрынц Ирыстоны æддейæ æмæ мах фæнд кæнæм уыдон æрхонын дæр", - радзырдта Гатыгкоты Валентинæ.
Уый баххах кодта, ацы мадзал кæй уыдзæн пайдаджын, уымæн æмæ бынæттон фæсивæдæн нæй бирæ фадаттæ сæ курдиат æвдисынæн.
Форумы уазджыты нымæц нырма дырысæй бæрæг нæу, уымæн æмæ уый комкоммæ баст у финанскæнынадимæ, балхынцъ кодта комитеты сæрдары хæдивæг.
ЦХИНВАЛ, 22 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы митуарды аххосӕй горӕт Къуайса ӕмӕ ӕввахс хъӕуты фӕндӕгтӕ бамбӕрзта мит.
Къуайсайы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады (ЦКХ) хистӕр Хуыгаты Алан куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй Къуайсайы ӕруарыд 30 сантиметры бӕрц мит, хъӕуты та ӕруарыд 60 сантиметры бӕрц. Ныртӕккӕ ЦКХ кусджытӕ сыгъдӕг кӕнынц фӕндӕгтӕ митӕй.
"Мах ӕрбаздахтам ӕппӕт техникӕ мит ссыгъдӕг кӕнынмӕ. Кусджытӕ ныридӕгӕн ссыгъдӕг кодтой фӕндӕгтӕ Киров, Надарваз, Замтарет, Ӕхсарджын, Хӕрдысӕр, Гулиантӕ ӕмӕ Кӕсагджыны хъӕуы", - загъта Хуыгаты Алан.
Уый бафтыдта, зӕгъгӕ, фӕндӕгтӕ горӕт Къуайсайы ныридӕгӕн ссыгъдӕг кодтой. Афтӕ ма фӕндӕгтӕ ссыгъдӕг кӕндзысты Кърозы хъӕуы.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Къуайсайы ЦКХ арвыста техникӕ хӕххон курорт Цъонмӕ дӕр, кӕцы бакӕндзысты 23 январы.
Ацы аз январы зындгонд ирон поэт, æхсæнадон архайæг, публицист Дзуццаты Хадзы-Муратыл сыххæст уыдаид 86 азы. Кокойты Тарзан куыд загъта, уымæ гæсгæ Хаджийы сфæлдыстад ирон поэзийы æмæ культурæйы уыд уникалон фæзынд.
"Скъола каст куы фæци, уæд йæхи тыхтæй æмæ хъæппæрисæй радта фæлварæнтæ Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институтмæ æмæ уый дæр каст фæци сырх дипломыл", - загъта Тарзан.
Кокойты Тарзаны ныхæстæм гæсгæ, Хадзы-Мурат йæ сфæлдыстадæй æнустæм фыст æрцыд ирон поэзийы хæзнадоны, фæлæ иууыл диссагдæр уыд йе 'мбæстагон позици.
"Хаджи хаудта 60-æм азы поэттæм, ахуыр кодта Евгений Евтушенкоимæ æмæ йæхимæ райста уыцы дуджы арф нысаниуджытæ", - банысан кодта Кокойты Тарзан.
Тарзан ма куыд загъта, уымæ гæсгæ Дзуццаты Хадзы-Мурат удыхъæдæй уыд æфсæрмдзæстыг æмæ хуымæтæг адæймаг, фæлæ дзы мидæгæй сыгъд арт.
Лæмбынæгдæр хъусут аудиоæрмæджы.