Цхинвалы ӕртӕ районы хӕрзарӕзт ӕрцыдысты бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты кӕртытӕ

© Sputnik / Лейла ДриаеваЦхинвалы ӕртӕ районы хӕрзарӕзт ӕрцыдысты бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты кӕртытӕ
Цхинвалы ӕртӕ районы хӕрзарӕзт ӕрцыдысты бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты кӕртытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕмткӕй ацы аз хӕрзарӕзт ӕрцыд 30 мин квадратон метрмӕ ӕввахс

ЦХИНВАЛ, 25 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты кӕртыты фӕуд кӕнынц хӕрзарӕзтадон куыстытӕ. Ӕдӕппӕтӕй азы дӕргъы аразджытӕ архайдтой ӕмбӕлон уагмӕ ӕркӕнын 30 мин квадратон метрыл Цхинвалы, фехъусын кодта Sputnik горӕты администрацийы цалцӕггӕнӕн-арӕзтадон хайады хистӕр Гӕззаты Инал.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, азы нывӕзт балхынцъ кӕнынӕн къуылымпы кӕны боныгъӕд.

"Кӕд ма азы кӕронмӕ хъарм боныгъӕдтӕ скӕна, мит батайа ӕмӕ температурӕ ӕвӕрццаг бӕрӕггӕнтӕ равдиса, уӕд бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты раз территоритӕ баххӕст уыдзысты асфальтӕй ӕмӕ ацы азы нывӕзт иууылдӕр балхынцъ уыдзӕн",- загъта Гӕззаты Инал.

Уый ма банысан кодта, ӕмткӕй ацы аз хӕрзарӕзт ӕрцыд 30 мин квадратон метрмӕ ӕввахс.

Цхинвалы асфальт сӕвӕрдтой столицӕйы Нӕузӕххонты уынгыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы асфальт сӕвӕрдтой Нӕузӕххонты уынгыл

"Ацы аз нӕ хъусдарды бын уыдысты Гафезы уынджы корпусты кӕртытӕ (15 мин кв.м), сӕ нымӕцы тротуартӕ дӕр. Стӕй ма вокзалгӕроны фондз кӕрты (5 мин кв.м) ӕмӕ Ленины уынджы фондз кӕрты (7мин кв.м). Се ппӕт дӕр сты асфальтмӕ цӕттӕ. Кӕд боныгъӕд фадат нӕ радта, уӕд сӕ баххӕст кӕндзыстӕм марты ",- загъта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, нывӕзт адарддӕр уыдзӕн рбалӕугӕ азы.

"2021 азмӕ ма нын баззад Вокзалгӕрон уынгты ӕртӕ кӕрты. Стӕй ма президенты хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ хъуамӕ саразӕм Нӕузӕххонты уынджы кӕртытӕ" , - балхынцъ кодта уый.

Ивгъуыд аз ахӕм нывӕзты фӕлгӕтты куыстытӕ цыдысты Мамсырайы фырты уынгыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0