ЦХИНВАЛ, 25 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ ногӕй нӕ ӕрӕмбырд сты майрӕмбоны сессимӕ. Цӕмӕй боны фӕткы фарстытӕм ӕркӕсой, уымӕн нӕ фаг кодтой ӕртӕ депутаты – рабадтыты залы 34 депутатӕй уыд 20.
Закондӕттӕг органы сесси дыккаг хатт нӕ ацыд кворум кӕй нӕ ӕрӕмбырд, уый тыххӕй.
"Абон мах хъуамӕ рахастаиккам цалдӕр ахсджиаг законы проекттӕ, сӕ нымӕцы 2021 азмӕ бюджет. Боны фӕткы ацы пункт у иууыл актуалондӕр абоны бон. Ууыл баст сты мыздты фӕфылдӕр ӕмӕ паддзахады органты архайд. Махӕн ахӕм бар ничи радта, цӕмӕй куыстмӕ ма цӕуӕм, уый раст нӕу", - загъта спикер Тадтаты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы алчидӕр фӕрыст ацы трагедийыл.
"Фӕлӕ мах уӕддӕр ӕххӕст кӕнӕм нӕ сӕйраг куыст – закондӕттӕджы куыст", - банысан кодта спикер.
Тадтаты Алан бафтыдта, зӕгъгӕ, депутатты куыстӕн, кӕцытӕ нӕ ӕххӕст кӕнынц парламенты хӕслӕвӕрдтӕ, ӕнӕмӕнг саргъ кӕндзысты.
Хуссар Ирыстоны парламенты депутатты хай сентябры фехъусын кодта закондӕттӕг органы куыст ӕруромыны тыххӕй, цалынмӕ генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы отсавкӕйы арвитой, уӕдмӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ депутаттӕ сессимӕ ӕрӕмбырд сты ӕрмӕстдӕр иу хатт, цӕмӕй сфидар кӕной ивындзинӕдтӕ бюджетмӕ коронавирусы ныхмӕ тох кӕнынӕн фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕныны фӕдыл.
ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы БАМ-ы микрорайонмӕ ӕхсӕнадон траспорты фӕндаг сӕхгӕнынц фӕндаггӕрон урӕд хӕдтулгӕтӕ. Автобусы шофрты бахъӕуы фӕндагон змӕлды тӕмӕны фӕстӕмӕ цыдӕй бацӕуын лӕууӕндонмӕ.
Цхинвалы ӕфсӕддон городокмӕ фӕндаг Плиты Ароны уынгыл фарон цалцӕг куы цыд уӕддӕр ссис хъаугъайаг, уӕд цӕрджытӕ домтой цӕмӕй йӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕной. Фӕндаг арӕзт ӕрцыд домӕнтӕм гӕсгӕ, уӕддӕр разынд проблемон. Ам уӕвӕг Уӕрӕсейы ӕфсӕддон базӕйы кусджытӕ сӕ хӕдтулгӕтӕ кӕй ӕруромынц, уымӕ гӕсгӕ дзы рӕстмӕ азмӕлӕн нал вӕййы.
"Фӕндаг арӕзт куы фӕцис, уӕд фӕндаггӕрон сӕвӕрдтой бордюртӕ. Раздӕр ӕфсӕддонтӕ кӕд сӕ хӕдулгӕтӕ урӕдтой Афганистаны хӕстонты цырты цур, уӕд дзы ныр бахизӕн нал ис. Уымӕ гӕсгӕ фӕндаггӕрон байдзаг вӕййы хӕдтулгӕтӕй ӕмӕ рейсон автобустӕн нал вӕййы бацӕуӕн",- загъта районы цӕрӕг Эльбрус.
Ӕрӕджы рейсон автобус уынгӕг фӕндагыл раскъуыдта йӕ кӕсӕн, хӕдтулгӕйы бардарӕг домы дӕс мин.
Фарст алыг кӕныны нысанӕн паддзахадон автоинспекци сӕвӕрдта пост.
"Уавӕр хынцгӕйӕ мах сӕвӕрдам уӕлӕмхас пост ацы ран. Нӕ инспектортӕ сӕ хъус дарынц уавӕрмӕ райсом 7:30-ӕй 9 сахатмӕ Фӕстӕдӕр ам сывӕрдзыстӕм фӕндагон нысӕнттӕ, кӕцытӕ фӕдзӕхсдзысты, цӕмӕй ам хӕдулгӕтӕ ма уромой. Фӕткхалджытӕ ивар цӕуыдзысты", - загъта Sputnik паддзахадон автоинспекцийы агитаци ӕмӕ пропагандӕйы хистӕр инспектор Уалыты Альма.
ЦХИНВАЛ, 25 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы 8-ӕм июны уынгыл дыццӕджы ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ) фондз хӕдтулгӕйы хайадистӕй.
Цӕстӕйфенджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ВАЗ-2121 хӕдтулгӕ сӕмбӕлд фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕйыл, кӕцы лӕууыд йӕ разӕй, ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн ӕндӕр хӕдтулгӕтӕ дӕр бахъыгдард сты. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ФТЦ фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй. Аварийы цы хӕдтулгӕтӕ истой хайад, уыдоны шофырты арвыстой медицинон басгӕрстмӕ.
Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 2020 азы республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд 137 фӕндагон-транспортон цауы. Азы райдайӕнӕй паддзахадон статистикӕмӕ бахаудтой дӕс ФТЦ-йӕ цъусдӕр.