ЦХИНВАЛ, 29 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ногазон бӕрӕгбонты рӕстӕджы уагъд цӕудзысты автотранспорты басгӕрстытӕ, цӕмӕй ссарой хӕцӕнгарз, афтӕ ма бӕрӕг кӕндзысты нозтджын шофырты, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Сӕйраг тыхтӕ ратдзыстӕм ногазон ӕхсӕв хӕцӕнгарзӕй ӕхсын ма руадзынмӕ. Фӕткхалджыты карзӕй бафхӕрдзысты. Фӕстаг ӕзты тыхон структурӕты архӕйдтыты руаджы фӕкъаддӕр сты хӕцӕнгарзӕй ӕхсыны цаутӕ алыгъуызон мадзӕлтты", - банысан кодтой уагдоны.
Барадхъахъхъӕнджытӕ ногӕй ӕрсидтысты республикӕйы цӕрджытӕм ӕмӕ сын бамбарын кодтой, хӕцӕнгарзӕй цы ӕмбӕстӕгтӕ ӕхсой, уыдонмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы уголовон бӕрндзинад.
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ивгъуыд азы декабры ӕрурӕдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны 28 фехалӕджы, хъусын кӕӕы майрӕмбоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.
Мӕй раздӕр дӕр арӕнсӕтджыты ӕмӕ арӕны режим фехалджыты нымӕц уыд 28.
"Декабры цы фӕткхалджыты ӕрурӕдтой, уыдонӕй дӕс фехӕлдтой паддзахадон арӕӕы режим, 18 та – арӕнгӕрон режим. Комитеты арӕнгӕрон службӕ алкӕцы фӕткхӕлдты тыххӕй дӕр уагъд ӕрцыд басгӕрст, уыдон фӕдыл цыппар адӕймаджы ныхмӕ бакондӕуыд уголовон хъуыддӕгтӕ, 22 бафыстой ивартӕ, дыууӕйы та феддӕдуар кодтой республикӕйӕ", - банысан кодтой спецслужбӕйы.
ПӔК ма банысан кодтой, Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн уадзӕн пункттӕ дӕр нырма кӕй сты ӕхгӕд Хелчуайы уӕвӕг пунктӕй дарддӕр.
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Нуазыны доны гъӕд горӕты резервуарты у ӕмбӕлон, къӕвда бонтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, загътой Sputnik Цхинвалы мэрияйы пресс-службӕйы.
Хуссар Ирыстоны цалдӕр бон цары къӕвда. Синопртикты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, улӕфт бонты ӕмӕ иннӕ къуырийы фыццаг ӕмбисы та уардзӕн мит. Столицӕйы администрацийы, "Водоканал"-ы информацийыл ӕнцойгӕнгӕйӕ, банысан кодтой, ӕвзӕр боныгъӕд бирӕ кӕй ницы бандӕвта доны гъӕдыл.
"Цалдӕр боны размӕ дон цыд змӕстӕй. Специалисттӕ дзы систой пробӕтӕ, доны гъӕд у стабилон. Нормӕйы фӕлгӕтты. Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ йӕ "Водоканал" баскары ӕрвылбон дӕр", - радзырдтой мэрияйы.
Уым ма банысан кодтой, зӕгъгӕ, кӕд доны гъӕ афтӕ февзр уа, ӕмӕ мауал бӕзза пайда кӕнынӕн, уӕд уайтагъд бафӕдзӕхсдзысты цӕрджыты.