ЦХИНВАЛ, 30 дек - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй Хуссар Ирыстоны хицауады аппараты разамонӕг Гаглойты Олегы.
Ӕмбӕлон барамынд мыхуыргонд ӕрцыд паддзахады сӕргълӕууӕджы сайтыл ӕртыццӕджы.
Нысангонд ӕрцыд, документ йӕ тыхы кӕй бахызт 30 декабры.
Гаглойты Олег уыд республикӕйы хицауады аппараты разамонӕг аст азы дӕргъы, 2012 азӕй фӕстӕмӕ.
Амӕйразмӕ республикӕйы сӕргълӕууӕг ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Джусойты Сосланы.
ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы БАМ-ы микрорайонмӕ ӕхсӕнадон траспорты фӕндаг сӕхгӕнынц фӕндаггӕрон урӕд хӕдтулгӕтӕ. Автобусы шофрты бахъӕуы фӕндагон змӕлды тӕмӕны фӕстӕмӕ цыдӕй бацӕуын лӕууӕндонмӕ.
Цхинвалы ӕфсӕддон городокмӕ фӕндаг Плиты Ароны уынгыл фарон цалцӕг куы цыд уӕддӕр ссис хъаугъайаг, уӕд цӕрджытӕ домтой цӕмӕй йӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕной. Фӕндаг арӕзт ӕрцыд домӕнтӕм гӕсгӕ, уӕддӕр разынд проблемон. Ам уӕвӕг Уӕрӕсейы ӕфсӕддон базӕйы кусджытӕ сӕ хӕдтулгӕтӕ кӕй ӕруромынц, уымӕ гӕсгӕ дзы рӕстмӕ азмӕлӕн нал вӕййы.
"Фӕндаг арӕзт куы фӕцис, уӕд фӕндаггӕрон сӕвӕрдтой бордюртӕ. Раздӕр ӕфсӕддонтӕ кӕд сӕ хӕдулгӕтӕ урӕдтой Афганистаны хӕстонты цырты цур, уӕд дзы ныр бахизӕн нал ис. Уымӕ гӕсгӕ фӕндаггӕрон байдзаг вӕййы хӕдтулгӕтӕй ӕмӕ рейсон автобустӕн нал вӕййы бацӕуӕн",- загъта районы цӕрӕг Эльбрус.
Ӕрӕджы рейсон автобус уынгӕг фӕндагыл раскъуыдта йӕ кӕсӕн, хӕдтулгӕйы бардарӕг домы дӕс мин.
Фарст алыг кӕныны нысанӕн паддзахадон автоинспекци сӕвӕрдта пост.
"Уавӕр хынцгӕйӕ мах сӕвӕрдам уӕлӕмхас пост ацы ран. Нӕ инспектортӕ сӕ хъус дарынц уавӕрмӕ райсом 7:30-ӕй 9 сахатмӕ Фӕстӕдӕр ам сывӕрдзыстӕм фӕндагон нысӕнттӕ, кӕцытӕ фӕдзӕхсдзысты, цӕмӕй ам хӕдулгӕтӕ ма уромой. Фӕткхалджытӕ ивар цӕуыдзысты", - загъта Sputnik паддзахадон автоинспекцийы агитаци ӕмӕ пропагандӕйы хистӕр инспектор Уалыты Альма.
ЦХИНВАЛ, 25 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы 8-ӕм июны уынгыл дыццӕджы ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ) фондз хӕдтулгӕйы хайадистӕй.
Цӕстӕйфенджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ВАЗ-2121 хӕдтулгӕ сӕмбӕлд фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕйыл, кӕцы лӕууыд йӕ разӕй, ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн ӕндӕр хӕдтулгӕтӕ дӕр бахъыгдард сты. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ФТЦ фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй. Аварийы цы хӕдтулгӕтӕ истой хайад, уыдоны шофырты арвыстой медицинон басгӕрстмӕ.
Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 2020 азы республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд 137 фӕндагон-транспортон цауы. Азы райдайӕнӕй паддзахадон статистикӕмӕ бахаудтой дӕс ФТЦ-йӕ цъусдӕр.