ЦХИНВАЛ, 12 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады райдыдтой цӕттӕ кӕнын командӕтӕ Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтытӕ АрМИ-2021 хайад райсынмӕ.
РХИ Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы хистӕр Чехойты Инга куыд радзырдта, афтӕмӕй министры х.ӕ. Гассеты Ибрагимы барамындӕй 2020 азы кӕрӕтты ӕрӕмбырд кодтой командӕты сконд.
"Фарон хуссарирыстойнаг командӕ ӕфсӕддон хъӕзтыты хайад райста фыццаг хатт ӕмӕ бавдыста командӕтӕ дыууӕ конкурсмӕ. Ацы аз, Гассеты Ибрагимы барамындӕй командӕтӕ бавдисдзысты ӕртӕ конкурсмӕ: "Танковый биатлон", "Снайперский рубеж", "Отличники войсковой разведки", - банысан кодта уый.
Афтӕ ма нывӕндынц саразын командӕтӕ хуссарирыстойнаг курсантты скондӕй, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц УФ хъахъхъӕнынадон уагдоны ахуыргӕнӕндӕтты, цӕмӕй хайад райсой ӕртӕ конкурсы - "Десантный взвод", "Уверенный прием", "Саянский марш".
2020 азы хуссарирыстойнаг командӕтӕ фыццаг хатт хайад райстой конкурсты "Танковый биатлон" ӕмӕ "Отличники войсковой разведки" ӕмӕ райстой бӕрзонд фӕстиуджытӕ, сӕйраджыдӕр танкисттӕ. Уыдон дыккаг дивизионы бацахстой ӕртыккаг бынат.
Уагдоны къухдариуӕгад банысан кодта, АрМИ-2021 хайадист дарддӕр райтынг кӕндзӕн Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн ахастытӕ.
ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik. Транскавказаг автомагистралыл фӕндагон змӕлд сӕхгӕдтой хуыцаубоны 21.00 сахатыл ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ зӕйтӕ 'рцӕуыны тасы тыххӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
"Хуыцаубоны 21.00 сахатӕй сӕрмагонд барамынды онг Транскамыл уыдзӕн ӕхгӕд фӕндагон змӕлд", - дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.
Хуыцаубоны райсомӕй автомагистралы цӕгаттаг порталыл ӕрцыд чысыл зӕй, фӕлӕ фӕндагон службӕтӕ ӕвӕстиатӕй асыгъдӕг кодтой трассӕ.
Транскавказаг автомагистраль — иунӕг фӕндаг, кӕйы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ.
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ивгъуыд азы декабры ӕрурӕдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны 28 фехалӕджы, хъусын кӕӕы майрӕмбоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.
Мӕй раздӕр дӕр арӕнсӕтджыты ӕмӕ арӕны режим фехалджыты нымӕц уыд 28.
"Декабры цы фӕткхалджыты ӕрурӕдтой, уыдонӕй дӕс фехӕлдтой паддзахадон арӕӕы режим, 18 та – арӕнгӕрон режим. Комитеты арӕнгӕрон службӕ алкӕцы фӕткхӕлдты тыххӕй дӕр уагъд ӕрцыд басгӕрст, уыдон фӕдыл цыппар адӕймаджы ныхмӕ бакондӕуыд уголовон хъуыддӕгтӕ, 22 бафыстой ивартӕ, дыууӕйы та феддӕдуар кодтой республикӕйӕ", - банысан кодтой спецслужбӕйы.
ПӔК ма банысан кодтой, Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн уадзӕн пункттӕ дӕр нырма кӕй сты ӕхгӕд Хелчуайы уӕвӕг пунктӕй дарддӕр.