ЦХИНВАЛ, 12 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы ӕфсинтӕ басастой уӕливыхы рекорд ӕмӕ сцӕттӕ кодтой, йӕ диаметр 130 см кӕмӕн у, ахӕм хӕбизджын, фехъусын кодта Sputnik районы культурӕйы хайады хистӕр Гаглойты Ростик.
Уымӕй размӕ, Хуссар Ирыстоны дзулфыцæн комбинат Республикæйы бæрæгбонмæ сцæттæ кодта æнахуыр дынджыр уæливых — йæ диаметр уыд 112 сантиметры.
"Ирыстоны цӕгаты ӕмӕ хуссары дӕр ацы уӕливых ныридӕгӕн у иууыл егъаудӕр. Йӕ диаметр у иу метр ӕмӕ 30 сантиметр. Бацӕттӕ йӕ кодтам паддзахадон телеуынынадимӕ иумӕ сӕрмагонд алӕвӕрдӕн Дменисы фидары", - загъта Гаглойты Ростик.
Уый банысан кодта, дынджыр пец сӕм кӕй авӕрдта Цхинвалы цӕттӕ къӕбицтӕй иу.
Официалон æгъдауæй Уæрæсейы рекордты чиныджы фыст æрцыд Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты конд уæлибых 84 см диаметры бæрц, кæцы скодтой 2009 азы Республикæйы бонмæ. Уый фæстæ Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон техникумы скодтой стырдæр уæлибых (диаметр 105 см), фæлæ йæ рекордты чиныджы не сфидар кодтой.
ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы БАМ-ы микрорайонмӕ ӕхсӕнадон траспорты фӕндаг сӕхгӕнынц фӕндаггӕрон урӕд хӕдтулгӕтӕ. Автобусы шофрты бахъӕуы фӕндагон змӕлды тӕмӕны фӕстӕмӕ цыдӕй бацӕуын лӕууӕндонмӕ.
Цхинвалы ӕфсӕддон городокмӕ фӕндаг Плиты Ароны уынгыл фарон цалцӕг куы цыд уӕддӕр ссис хъаугъайаг, уӕд цӕрджытӕ домтой цӕмӕй йӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕной. Фӕндаг арӕзт ӕрцыд домӕнтӕм гӕсгӕ, уӕддӕр разынд проблемон. Ам уӕвӕг Уӕрӕсейы ӕфсӕддон базӕйы кусджытӕ сӕ хӕдтулгӕтӕ кӕй ӕруромынц, уымӕ гӕсгӕ дзы рӕстмӕ азмӕлӕн нал вӕййы.
"Фӕндаг арӕзт куы фӕцис, уӕд фӕндаггӕрон сӕвӕрдтой бордюртӕ. Раздӕр ӕфсӕддонтӕ кӕд сӕ хӕдулгӕтӕ урӕдтой Афганистаны хӕстонты цырты цур, уӕд дзы ныр бахизӕн нал ис. Уымӕ гӕсгӕ фӕндаггӕрон байдзаг вӕййы хӕдтулгӕтӕй ӕмӕ рейсон автобустӕн нал вӕййы бацӕуӕн",- загъта районы цӕрӕг Эльбрус.
Ӕрӕджы рейсон автобус уынгӕг фӕндагыл раскъуыдта йӕ кӕсӕн, хӕдтулгӕйы бардарӕг домы дӕс мин.
Фарст алыг кӕныны нысанӕн паддзахадон автоинспекци сӕвӕрдта пост.
"Уавӕр хынцгӕйӕ мах сӕвӕрдам уӕлӕмхас пост ацы ран. Нӕ инспектортӕ сӕ хъус дарынц уавӕрмӕ райсом 7:30-ӕй 9 сахатмӕ Фӕстӕдӕр ам сывӕрдзыстӕм фӕндагон нысӕнттӕ, кӕцытӕ фӕдзӕхсдзысты, цӕмӕй ам хӕдулгӕтӕ ма уромой. Фӕткхалджытӕ ивар цӕуыдзысты", - загъта Sputnik паддзахадон автоинспекцийы агитаци ӕмӕ пропагандӕйы хистӕр инспектор Уалыты Альма.
ЦХИНВАЛ, 25 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы 8-ӕм июны уынгыл дыццӕджы ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ) фондз хӕдтулгӕйы хайадистӕй.
Цӕстӕйфенджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ВАЗ-2121 хӕдтулгӕ сӕмбӕлд фӕсарӕйнаг хӕдтулгӕйыл, кӕцы лӕууыд йӕ разӕй, ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн ӕндӕр хӕдтулгӕтӕ дӕр бахъыгдард сты. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ФТЦ фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй. Аварийы цы хӕдтулгӕтӕ истой хайад, уыдоны шофырты арвыстой медицинон басгӕрстмӕ.
Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 2020 азы республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд 137 фӕндагон-транспортон цауы. Азы райдайӕнӕй паддзахадон статистикӕмӕ бахаудтой дӕс ФТЦ-йӕ цъусдӕр.