Бибылты Анатолий загъта йӕ хъуыды политикты куырдиаты тыххӕй Хуссар Иры уавӕры фӕдыл

© Sputnik / Natalia Airiyan Бибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыццӕджы цалдӕр политикон архайӕджы, сӕ нымӕцы дыууӕ экс-президенты, бадзырдтой ӕххӕстгӕнӕг ӕмӕ закондӕттӕг хицауады сӕргълӕуджытӕм, афтӕ ма партиты лидертӕм, цӕмӕй иумӕ ӕрнывыл кӕной республикӕйы уӕззау уавӕр

ЦХИНВАЛ, 13 янв – Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий ӕввахс рӕстӕджы нывӕнды фембӕлын хуссарирыстойнаг политиктимӕ, кӕцытӕ дыццӕджы сарӕзтой куырдиат Хуссар Ирыстоны уавӕры фӕдыл.

Знон дыууӕ экс-президенты, парламенты фыццаг ӕрсидты депутаттӕ ӕмӕ Централон ӕвзарӕн къамисы (ЦӔК) фыццаг сӕргълӕууӕг сарӕзтой куырдиат, кӕцыйы банхъардтой хайад райсын хицауад ӕмӕ оппозицийы диалогы.

Паддзахады сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый райста ацы куырдиат ӕмӕ хорз саргъ кодта политикты ахастӕн ацы фарстмӕ.

"Фӕнды мӕ бузныг сын зӕгъын. Ӕз алыхатт дӕр дзырдтон, кӕй дӕн цӕттӕ диалогмӕ. Дзырд цӕуы адӕмыл, кӕцыты ӕцӕг фӕнды, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны территорийыл уа сабырдзинад, ӕмӕ кӕцытӕ ахъаз уыдзысты, цӕмӕй ахӕм демарштӕ мауал уой ӕххӕстгӕнӕг ӕмӕ закондӕттӕг хицауады рдыгӕй", - загъта Бибылты Анатолий журналисттӕн.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламенты ногӕй нӕ ацыд сесси, кӕцыйыл хъуамӕ ӕркастаиккой бюджетмӕ
Президент банысан кодта, ныридӕгӕн кӕй аныхас кодта телефонӕй куырдиаты автортимӕ, дзырд цыд ӕввахс рӕстӕджы фембӕлыныл.

"Фембӕлд хъуамӕ ацӕуа ацы къуырийы дӕргъы. Мах ӕрныхас кӕндзыстӕм фадӕттыл, кӕцытӕ нӕм ис, цӕмӕй сӕйраджыдӕр парламент йӕ куыст райдайа", - загъта Бибылты Анатолий.

Куырдиат барвыстой президент Бибылты Анатолимӕ, парти "Иугонд Ирыстон"-ы сӕрдар Тадтаты Аланмӕ, Адӕмон партийы сӕрдар Плиты Александрмӕ, "Ныхас" партийы сӕрдар Гаглойты Аланмӕ, "Адӕмы Иудзинад" партийы сӕрдар Чилӕхсаты Владимирмӕ, коммунистон партийы фыццаг секретарь Уырыгаты Иналмӕ, афтӕ ма депутатон къорд "За справедливость"-мӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0