Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой 33 ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус, тест
Коронавирус, тест - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемийы ӕгас ӕмгъуыд Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй фӕрынчын сты 2 491 адӕймаджы, 1659 систой медикты хъусдарды бынӕй, уыдонӕй 20 - фӕстаг суткӕйы

ЦХИНВАЛ, 14 янв - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Югоосетпотребнадзоры ивгъуыд суткӕйы сарӕзтой 98 иртӕсты коронавирусы инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 33 радтой ӕвӕрццӕг хатдзӕг. Уый тыххӕй фехъусын кодта Sputnik Хуссар Иры сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Уый банысан кодта, медикты хъусдарды бын нырма дӕр кӕй ис 832 адӕймаджы.

"Пандемийы ӕгас ӕмгъуыд Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй фӕрынчын сты 2 491 адӕймаджы, 1659 систой медикты хъусдарды бынӕй, уыдонӕй 20 - фӕстаг суткӕйы", - загъта Коцты Марина.

Сӕйраг санитарон дохтыр ма бафтыдта, пандемийы райдайӕнӕй Югосетпотребнадзоры лабораториты кӕй ауагътой 14 015 иртӕсты.

Ног хабӕртты лентӕ
0