Дзабиты Иналы хъуыддаджы экспертизӕ нырма нӕ сарӕзтой. Йӕ идӕдз слӕууыд ног змӕлды сӕргъ

© Sputnik / Natalia Airiyan Митинг театралон фӕзуатыл
Митинг театралон фӕзуатыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууӕ ивгъуыд экспертизӕйы нӕ радтой дырыс дзуапп ӕвзонг лӕппуйы мӕлӕты аххосӕгты фӕдыл, уый фӕдыл фӕдагуырд аскъуыддзаг кодта ауадзын ӕртыккаг. Столицӕйы центры та дарддӕр цӕуы Дзабиты Иналы хиуӕтты акци. Йӕ идӕдз банысан кодта, кӕй слӕууыд ӕхсӕнадон змӕлды сӕргъ

ЦХИНВАЛ, 14 янв – Sputnik, Козаты Диана. Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл ног экспертизӕйы ауадзыны тыххӕй дырыс информаци нырма нӕй, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны генпрокуратурӕйы фӕдагурӕг Бестауты Алан.

Уый размӕ ацы уголовон хъуыддаджы фӕдыл сарӕзтой дыууӕ судмедэкспертизӕйы. Фыццаг сарӕзтой УФ Хъахъхъӕнынады министрады специалисттӕ, дыккаг та – бынӕттон судмедэксперт Зӕгъойты Зӕринӕ. Афтӕмӕй документты фехъусын кодтой ӕвзонг лӕппуйы мӕлӕты дыууӕ хицӕн аххосаджы. Уый фӕдыл генпрокуратурӕ фарон азы кӕрӕтты фехъусын клодта, кӕй ауадздзысты ӕртыккаг экспертизӕ.

"Махмӕ нырма нӕй дырыс информаци Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл ӕртыккаг экспертизӕ ауадзыны бынаты тыххӕй", - загъта Бестауты Алан.

Уый бафтыдта, зӕгъгӕ, ацы фарсты фӕдыл сӕм зианбаййафӕг фарсӕй не рбацыд куырдиӕттӕ.

Ног ӕхсӕнадон змӕлд

Ӕмрӕстӕджы Цхинвалы фӕзуатыл дыууӕ мӕймӕ ӕввахс цӕуы протесты акци, кӕцы сорганизаци кодтой Дзабиты Иналы хиуӕттӕ. Ӕрвылбон фӕзуатмӕ ӕрбацӕуынц республикӕйы дӕсгай ӕмбӕстаджы.

Протесты акци Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы центры Дзабиты Иналы хиуӕтты протесты акци уагъд цӕуы мӕйӕ фылдӕр

Знон ДИФ-ты фехъусын кодтой, Дзабиты Иналы идӕдз Соттиты Оксана кӕй слӕууыд ӕхсӕнадон змӕлд "Закон. Справедливость. Инал Джабиев"-ы сӕргъ.

Соттиты Оксана куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй уыдон дарддӕр домдзысты, цӕмӕй лӕппуйы мӕлӕт раст сгӕрст ӕрцӕуа, афтӕ ма нывӕндынц хъахъхъӕнын Хуссар Ирыстоны цӕрджыты бартӕ.

"Нӕ бинонты фарсмӕ фӕзуатыл балӕууыдысты бирӕ адӕм. Ӕмӕ мах асъкуыддзаг кодтам ӕрбаиу кӕнын ӕхсӕнадон змӕлдмӕ, цӕмӕй хъахъхъӕнӕм нӕ адӕмы бартӕ", - загъта Соттиты Оксана.

Августы кӕрон криминалон милицийы бафарстыты фӕстӕ амард Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Инал. Уӕд столицӕйы ацыд митингтӕ, цы ран адӕм домдтой бафхӕрын азымджынты. Кризисы аххосӕй отставкӕйы ацыд хицауад, депутаты иу хай сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕныны куыст ӕрурӕдтой, цалынмӕ генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕной, уӕдмӕ. Лӕппуйы мӕлӕты рӕстаг сгӕрсты домӕнтӕм ӕнӕкӕрон акци уадзынц лӕппуйы ныййарӕг ӕмӕ йе 'мкъай, уыдон фарсмӕ цы адӕм балӕууыдысты, уыдон ӕппынӕдзух сты театралон фӕзуаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0