Хуссар Иры экономикӕйы министрады снысан кодтой нывӕзтытӕ 2021 азмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Афтӕ ма уагдоны къухдариуӕгад ӕрдзырдта хицауады сӕрдары х.ӕ. Бекъойты Геннадиимӕ министрады 2020 азы куысты развӕлгъау хатдзӕгтыл

ЦХИНВАЛ, 15 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны экономикӕйы министрады сӕйраг здӕхтытӕй сӕ иу 2021 азы уыдзӕн туризмы фадыгӕн ӕххуыс. Уый тыххӕй уагдоны къухдариуӕгадимӕ кусӕгон фембӕлдыл фехъусын кодта премьер-министры х.ӕ. Бекъойты Геннадий, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Хуссар Иры экономикӕйы министрад баххуыс кӕндзӕн амалиуӕггӕнджытӕн райсын уӕлбар кредиттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры экономикӕйы министрад баххуыс кӕндзӕн амалиуӕггӕнджытӕн райсын уӕлбар кредиттӕ

"Абоны бон республикӕйы экономикӕйы раз ис вазыгджын хӕслӕвӕрдтӕ. Хъӕуы аразын ног куысты бынӕттӕ, райтынг кӕнын сӕудӕджерад, смодернизаци кӕнын куыстуӕтты архайд, бакусын инвестицитӕ ӕрбаздахыныл. Экономикон райрӕзты министрад ӕххуыс кӕндзӕн туризмы фадыгӕн, инвестицион проекттӕн, афтӕ ма фӕуӕрӕх кӕндзӕн ӕддаг базарадон бастдзинӕдтӕ Хуссар Ирыстоны базарадон минӕвӕртты руаджы ӕмӕ ӕххуыс кӕндзӕн чысыл ӕмӕ астӕуккаг бизнесӕн", - загъта Бекъойты Геннадий.

Экономикон райрӕзты министры фыццаг хӕдивӕг Тадтаты Дзамболат радзырдта 2020 азы куысты развӕлгъау хатдзӕгты тыххӕй.

"Ивгъуыд азы уыд куыд ӕвӕрццаг хатдзӕгтӕ, афтӕ фиппаинӕгтӕ дӕр. Кӕронбӕттӕн цифратӕ фехъусын кӕндзыстӕм фӕстӕдӕр, фӕлӕ ныридӕгӕн зӕгъӕн ис, азы кӕронмӕ мах кӕй рахызтыстӕм нывӕзтон бӕрӕггӕнӕнтӕм", - банысан кодта Тадтаты Дзамболат.

Уый бафтыдта, зӕгъгӕ, ивгъыд азы архайды фӕдыл хыгъдлӕвӕрд бавдисдзысты хицауадмӕ февралы кӕрӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0