Мит рагъы дыууӕ фарсӕрдыгӕй дӕр: Хуссар Иры УУМ Транскамы уавӕры тыххӕй

© SputnikТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы ныр цалдӕр бон къӕвдатӕ не ‘рлӕууыдысты сӕ уарынӕй. Хӕхты та уары мит, уымӕ гӕсгӕ фӕндагон службӕтӕ ӕппынӕдзух сӕ хъус дарынц Транскамы уавӕрмӕ

ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Транскавказаг автомагистраль, ӕвзӕр боныгъӕдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, кусы хуымӕтӕг режимы, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны УУМ пресс-службӕйы.

Трассӕйыл ныр цалдӕр бон ис ӕвзӕр боныгъӕд, фӕлӕ уӕлвӕткон министрад куыд банысан кодтой, афтӕмӕй митуард нӕ бахъыгдардта фӕндагон змӕлды.

"Мит уары Ручъы тоннелы дыууӕ фарсӕрдыгӕй дӕр. Фӕлӕ хӕдтулгӕтӕ цӕуынц ӕнӕ цӕлхдуртӕй. Фӕндагон службӕтӕ ӕппынӕдзух сӕ хъус дарынц трассӕйы уавӕрмӕ, асыгъдӕг ӕй кӕнынц митӕй", - банысан кодтой уагдоны пресс-службӕйы.

Фӕлӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, ирвӕзынгӕнджытӕ сидынц шофыртӕм, цӕмӕй уой арӕхстджындӕр зымӕгон фӕндагыл ӕмӕ хъус дарын боныгъӕдмӕ балцыты агъоммӕ.

Транскавказаг автомагистраль — иунӕг фӕндаг, кӕйы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0