ПӔК радзырдтой, цал адӕймаджы фехӕлдтой Хуссар Иры арӕн декабры

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыйы хсӕн арӕн
Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыйы хсӕн арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Алкӕцы фӕткхӕлдты тыххӕй дӕр уагъд ӕрцыд басгӕрст, уыдон фӕдыл бакондӕуыд уголовон хъуыддӕгтӕ, бафыстӕуыд ивартӕ, арӕнхалджыты иу къорды та феддӕдуар кодтой республикӕйӕ, банысан кодтой спецслужбӕйы

ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ивгъуыд азы декабры ӕрурӕдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны 28 фехалӕджы, хъусын кӕӕы майрӕмбоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.

Мӕй раздӕр дӕр арӕнсӕтджыты ӕмӕ арӕны режим фехалджыты нымӕц уыд 28.

"Декабры цы фӕткхалджыты ӕрурӕдтой, уыдонӕй дӕс фехӕлдтой паддзахадон арӕӕы режим, 18 та – арӕнгӕрон режим. Комитеты арӕнгӕрон службӕ алкӕцы фӕткхӕлдты тыххӕй дӕр уагъд ӕрцыд басгӕрст, уыдон фӕдыл цыппар адӕймаджы ныхмӕ бакондӕуыд уголовон хъуыддӕгтӕ, 22 бафыстой ивартӕ, дыууӕйы та феддӕдуар кодтой республикӕйӕ", - банысан кодтой спецслужбӕйы.

ПӔК ма банысан кодтой, Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн уадзӕн пункттӕ дӕр нырма кӕй сты ӕхгӕд Хелчуайы уӕвӕг пунктӕй дарддӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0