Сывӕллӕтты омбудсмен радзырдта проблемӕты скъуыддзӕгтыл ӕмӕ фидӕнмӕ нывӕзтытыл

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхуырбаты Татьяна
Цхуырбаты Татьяна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывӕллӕтты омбудсмен Цхуырбаты Татьяна Sputnik пресс-центры радзырдта хӕслӕвӕрдты тыххӕй, кӕцытӕ лӕууынц йӕ разы ног бынаты

ЦХИНВАЛ, 19 янв – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны президенты ӕххӕстбарджын минӕвар сывӕллӕтты барты фӕдыл Цхуырбаты Татьяна радзырдта йӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ законы проекттыл, кӕцытӕ хъӕуынц сывӕллӕттимӕ куысты йӕ фыццаг пресс-конференцийы рӕстӕджы Sputnik пресс-центры.

"Нырма цалдӕр бон дӕн ацы бынатыл ӕмӕ ахуыр кӕнын куысты документтӕ. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, фӕстӕдӕр мын уыдзӕн бирӕ фарстытӕ организацитӕ ӕмӕ уагдӕттӕм, кӕцытимӕ мӕ хъӕуы кусын", - радзырдта Цхуырбаты Татьяна.

Афтӕ ма уый банысан кодта, Хуссар Ирыстоны кӕй нӕй сывӕллӕтты наркомани ӕмӕ ӕрсидт дуканиты хицӕуттӕм, цӕмӕй ма уӕй кӕной сывӕллӕттӕн электронон тамакотӕ.

Коррекцион кълас Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фонд "Лӕвар базырты" сӕргълӕууӕг: карантин ӕрурӕдта коррекцион къласы куыст Цхинвалы

Уыимӕ иумӕ, сывӕллӕтты омбудсмен бахахх кодта, Интернет кӕй у тӕссаг сывӕллӕттӕн, ӕмӕ хорз уыдаид, арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕй куы спайда кӕной.

"Махмӕ нырма нӕй ӕмбӕлон закон ӕмӕ блокировкӕ, кӕцы кусы ӕппӕт дунейы. Махмӕ ӕнцон ссарӕн у алы информаци дӕр. Арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ куы райсӕм, уӕд сывӕллӕтты райрӕзт фӕхуыздӕр уыдзӕн. Гаджетты тыххӕй бирӕ сывӕллӕттӕм ис агресси", - загъта сывӕллӕтты омбудсмен.

Уымӕй дарддӕр, Цхуырбаты Татьяна радзырдта, кӕй нывӕнды саразын программӕ ӕмӕ нывӕзт дарддӕры куыстӕн.

Омбудсмены ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый фӕнды ӕрзилын республикӕйы районтыл, цӕмӕй ӕввахсдӕр базонгӕ уа сывӕллӕтты проблемӕтимӕ.

Афтӕ ма Цхуырбаты Татьяна банысан кодта, йӕ бӕллиц кӕй у, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны фӕзына сывӕллӕтты реабилитацион центр низӕфхӕрд фӕсивӕдӕн.

"Цӕгат Ирыстоны ис диссаджы центр. Мах дӕр ахӕм хъӕуы. Бирӕ ныййарджытӕ радзырдтой сӕ проблемӕты тыххӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ сывӕллӕттимӕ бахъӕуы ацӕуын республикӕйӕ реабилитацимӕ", - радзырдта омбудсмен.

Уый бахахх кодта, фидӕны кӕй нывӕнды бацӕттӕ кӕнын законы проекттӕ, кӕцытӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы Хуссар Ирыстоны абоны бон.

Ног хабӕртты лентӕ
0