Хуссар Иры хицауад ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй ӔХМ сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Плиты Агуындӕйы

© Иа "Рес"Плиты Агуындӕ
Плиты Агуындӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Скъуыддзаг райстӕуыд хицауады рабадтыл, кӕцы цӕуы Цхинвалы президент Бибылты Анатолийы къухдариуӕгады бын

ЦХИНВАЛ, 20 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад ссӕрибар кодта Плиты Агуындӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады (ӔХМ) сӕргълӕууӕджы хӕдивӕджы бынатӕй. Скъуыддзаг рахастӕуыд хицауады фыццаг рабадтыл ацы аз.

Хуссар Ирыстоны хицауады рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент саргъ кодта хицауад æмæ парламенты куыстæн 2020 азы

Плиты Агуындӕ бирӕ рӕстӕг кусы ацы бынаты. 2014 азы йӕ равзӕрстой парламенты депутатӕй парти "Адӕмы иудзинад"-ӕй. Парламент проффесионалон бындурмӕ кӕй рахызт, уый фӕдыл Плиты Агуындӕйы ссӕрибар кодтой ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады куыстӕй цалынмӕ парламенты йӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кодта, уӕдмӕ. 2019 азы йӕ ногӕй снысан кодтой министры хӕдивӕгӕй.

"Фӕнды мӕ банысан кӕнын, ног азы онг мын кӕй уыд фембӕлдтӕ республикӕйы районты. Ӕвзӕр ахаст уыд адӕмы архайдмӕ, кӕцытӕ хъуамӕ ӕххӕст кодтаиккой Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕмархайд районтимӕ. Дырысӕй загътой мыггӕгтӕ ӕмӕ архӕйдтытӕ. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ивындзинӕдтӕм бирӕ здӕхтыты", - загъта президент Бибылты Анатолий.

Президент бафтыдта, алкӕцы адӕймаг дӕр кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕна йӕ хӕслӕвӕрдтӕ, ӕрмӕст дӕр уӕд уыдзӕн ӕнтыстытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0