Тбилисы цӕрӕг фехӕлдта Хуссар Иры арӕн хуыздӕр цардагур - ПӔК

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры арӕн
Хуссар Иры арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны фехъусын кодтой Гуырдзыстоны цӕрджытӕ дарддӕр кӕй фӕнд кӕнынц ӕнӕзакононӕй хизын республикӕйы паддзахадон арӕны сӕртыл

ЦХИНВАЛ, 22 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон ӕдасдзинады комитет (ПӔК) дарддӕр бӕрӕг кӕны арӕны сӕртыл ӕнӕзакононӕй ахизыны фӕлварӕнтӕ, уый тыххӕй дзырдӕуы хъусинаджы, кӕцы ныммыхуыр кодта уагдоны пресс-службӕ.

"Ленингоры районы цӕрӕг пункт Ахмадзы цур 2020 азы 28 декабры РХИ Паддзахадон арӕны режим фехалыны тыххӕй Хуссар Ирыстоны арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрурӕдтой Гуырдзыстоны 27-аздзыд ӕмбӕстаг Парчукашвили Бекайы", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Арӕны режим фехалыны аххосаг Гуырдзыстоны ӕмбӕстаг банымадта цардуагон уавӕрты цухдзинад ӕмӕ йын куысты бынат кӕй нӕ уыд, уый, бафтыдтой ПӔК.

Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыйы хсӕн арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПӔК радзырдтой, цал адӕймаджы фехӕлдтой Хуссар Иры арӕн декабры

"Парчукашвили фехъусын кодта, коронавирусы дыккаг уылӕн кӕй ссис критикон бӕстӕйӕн – Гуырдзыстоны цӕрджыты фылдӕр хай ис тынг ӕвзӕр уавӕрты, официалон Тбилис та йӕ хъус нӕ дары йӕ адӕмы проблемӕтӕм", - банысан кодтой комитеты.

Тбилисы цӕрӕг ӕнӕзакононӕй ахызт арӕны сӕртыл, цӕмӕй ссара куыст ӕмӕ баззайа Хуссар Ирыстоны территорийыл. Арӕнхалӕг ма фехъусын кодта, кӕй нӕ фӕнд кӕны ацӕуын Гуырдзыстонмӕ ӕмӕ фехӕлдта документ, кӕцы бӕрӕг кӕны йӕ гоймагдзинад.

Уагдоны бахахх кодтой, ацы цау ногӕй равдыста, Гуырдзыстоны цӕрджытӕ кӕй сты уӕззау материалон уавӕры.

Ног хабӕртты лентӕ
0