ЦХИНВАЛ, 22 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сарӕзтой 131 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 33 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.
"131 тестӕй коронавирус рабӕрӕг кодтой 33 адӕймагӕн", - загъта Гаглойты Анна.
Республикӕйы территорийыл пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 14 840 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 2 705 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Республикӕйы коронавирусы амӕттӕгтӕ баисты 65 адӕймаджы.
ЦХИНВАЛ, 3 мар - Sputnik. Хуссар Иры Гӕззаты Вадимы номыл милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды сбӕрӕг кодтой физикон ӕгъдауӕй иууыл цӕттӕдӕр кусджыты. Ерыстӕ ӕрӕмных кодтой къорды сырӕзты 29-ӕм афӕдзыбонмӕ, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.
Уӕлахиздзауты бӕрӕг кодтой куыд командон, афтӕ хисӕрмагонд бахыгъды дӕр.
"Командон бахыгъды фыццаг бынатмӕ рахызт 1-аг оперативон ротӕ, дыккаг бынат бацахста 2-аг оперативон ротӕ, ӕртыккаг бынат та бацис 3-аг оперротӕйы", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Афтӕ ма ацыдысты ерыстӕ хисӕрмагонд бахыгъды дӕр цалдӕр спортивон дисциплинӕйӕ ӕмӕ цыппар уӕзы категорийы.
Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды дӕлхайӕдты хсӕн ерыстӕ уагъд фӕцӕуынц ӕрвылаз дӕр спорты хуызтӕ парахат кӕнын ӕмӕ хисӕрмагонд сконды профессионалон цӕттӕдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕныны нысанӕн.
ЦХИНВАЛ, 2 мар – Sputnik, Козаты Диана. Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон бон Хуссар Ирыстоны банысан кӕндзысты литературон изӕртӕ ӕмӕ бӕрӕгбонон концерттӕй.
Сӕйраг мадзӕлттӕ ацӕудзысты майрӕмбоны. 8 март республикӕйы у улӕфт бон.
"Майрӕмбоны, 5 марты Къостайы ӕмӕ Громы хъӕуты ацӕудзысты литературон изӕртӕ бӕрӕгбоны цытӕн. Уыцы бон ма Цхинвалы уагъд ӕрцӕудзӕн цытджын ӕмбырд ӕмӕ концерт", - фехъусын кодтой культурӕйы министрады.
8 мартмӕ республикӕмӕ ӕрцӕудзӕн театр ӕмӕ кинойы популярон уӕрӕсейаг актер, Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Эвклид Кюрдзидзис. Цхинвалы уый ратдзӕн концерт-импровизаци "Дӕуӕн".
Актер фыццаг хатт не рцӕудзӕн Хуссар Ирыстонмӕ - уый ма ам уыд 2008 азы гуырдзиаг-ирон хӕсты фӕстӕ. Республикӕй Сгъуыхт артисты номӕй дӕр ын уӕд скад кодтой.