Хуссар Иры 31 январы райдайдзӕн турнир ленк кӕнынӕй "Сыгъзӕрин кӕсаг"

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры 31 январы райдайдзӕн турнир ленк кӕнынӕй "Сыгъзӕрин кӕсаг"
Хуссар Иры 31 январы райдайдзӕн турнир ленк кӕнынӕй Сыгъзӕрин кӕсаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты, кӕцытӕ ацӕудзысты ӕхсӕз этапы, хайад райсдзысты ӕхсӕз кары категорийы минӕвӕрттӕ

ЦХИНВАЛ, 25 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны ацӕудзысты ерыстӕ ленк кӕнынӕй "Сыгъзӕрин кӕсаг". Ӕхсӕзэтапон ерыстӕ райдайдзысты 31 январы спортивон комплекс "Олимп"-ы. Уый тыххӕй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Ленк кӕныны фӕдерацийы президент Евгения Терлеева.

Цхинвайлаг богалтӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг богалтӕ рамбылдтой Цӕгат Иры фыццагад

Январы ацӕудзӕн ерысты фыццаг этап, кӕцыйы фӕткмӕ гӕсгӕ спортсментӕ хъуамӕ ленк кӕной фӕсонтыл.

"Ерыстӕ цӕудзысты ӕхсӕз этапы, фыццаджы рӕстӕджы спортсментӕ ленк кӕндзысты фӕсонтыл. Фыццаг этап ацӕудзӕн январы, дыккаг февралы, ӕртыккаг марты, цыппӕрӕм апрелы, фӕндзӕм та июны. Фӕндзӕм этапы рӕстӕджы ленкгӕнджытӕ райсдзысты спортивон рӕнхъытӕ", - загъта Терлеева.

Уый ма банысан кодта, ерысты кӕй уыдзӕн ӕхсӕз кары категорийы. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ерысты хайад райсын фӕнды Цӕгат Ирыстоны ленкгӕнджыты дӕр.

"Дзӕуджыхъӕуккаг спортсменты дӕр фӕнды хайад райсын ерысты, фӕлӕ нӕм нырма куырдиӕттӕ не ‘рбацыд. Цӕгатирыстойнаг спортсменты хайадист у хорз стимул", - бафтыдта уый.

Терлеева бахахх кодта, зӕгъгӕ, пандемимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ ерыстӕ "Сыгъзӕрин кӕсаг" 2020 азы ацыдысты хорз ӕмвӕзадыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0