ЦХИНВАЛ, 26 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азæмæт. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткæйы рабæрæг кодтой коронавирусæй æхсæз ног фæрынчынуæвæджы, фехъусын кодта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы сæргълæууæджы хæдивæг Гаглойты Анна.
"Ивгъуыд суткæйы сарæзтæуыд 67 тесты COVID-19 рафæлгъауыны тыххæй, уыдонæй æхсæз равдыстой низы уæвынад. Афтæ ма суткæйы дæргъы хыгъдæй систæуыд фараст адæймаджы", - радзырдта Гаглойты Анна.
Уый ма бафтыдта, медицинон хъусдарды бын нырма кæй ис 773 адæймаджы. Пандемийы райдианæй æдæппæт республикæйы сарæзтой 15 075 тестры коронавирус рабæрæг кæныны тыххæй, уыдонæй 2 746 равдыстой æвæрццаг фæстиуæг.
Хуссар Ирыстоны январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.
ЦХИНВАЛ, 2 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Иры сæндидзын кодтой электроифтонгад. Республикæ æнæ рухсæй баззад дыууæ сахаты бæрц цæгатирыстойнаг хайы электрохаххыл аварийы аххосæй.
"Нæ коллегатæ тагъд аиуварс кодтой электрохаххыл авари. Ныридæгæн Хуссар Ирыстонмæ электроэнерги цæуы хуымæтæг режимы", - загътой Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы.
Хуссар Ирыстонмæ электроэнерги цæуы Уæрæсейæ электрохахх "Зæрæмæг — Цæгаттаг портал — Дзау"-ыл. Азы кæронмæ Хуссар Иры фæнд кæнынц саразын фæстауæрцон хахх.
ЦХИНВАЛ, 3 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ахицӕн рухс, йӕ аххосаг у авари электрондыхы хаххы цӕгатирыстойнаг фарсыл, фехъусын кодта "Энергоресурсы" сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Алан.
"Рухс ахицӕн аварион уавӕры тыххӕй цӕгатирыстойнаг фарсыл. Цӕгатирыстойнаг энергетиктӕ бадзырдтой махмӕ ӕмӕ фехъусын кодтой, 110 кВт хаххыл, кӕцыйы уылты республикӕ исы электроэнерги, фӕзынд аварион уавӕр", - загъта Гӕбӕраты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, проблемӕ хъуамӕ аиуварс кӕной иу сахатмӕ.