Цхинвалы уынгтӕй сӕ иуыл доны гъӕды басгӕрсты рӕстӕджы рабӕрӕг ис санитарон домӕнты фехӕлд

Рафыссын
Амӕйразмӕ социалон хызӕг Facebook-ы фӕзынд хъусинаг доны ӕвзӕр гъӕды тыххӕй столицӕйы уынгтӕй сӕ иуыл. Генпрокуратурӕ ацы цауы фӕдыл ауагъта басгӕрст

ЦХИНВАЛ, 28 янв - Sputnik. Генпрокуратурӕйы фӕдзӕхстӕй фӕлсхасгӕнджыты бартӕ хъахъхъӕныны фӕдыл комитет сарӕзта лабораторон иртӕст доны гъӕдӕн, кӕцы цӕуы Цхинвалы уынгтӕй сӕ иуы цӕрджытӕм.

 кран  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сгарӕм ӕй алы бон дӕр: Цхинвалы мэрия нуазыны доны гъӕды тыххӕй

Амӕйразмӕ социалон хызӕг Facebook-ы фӕзынд хъусинаг доны ӕвзӕр гъӕды фӕдыл, кӕцы цӕуы доны хӕтӕлтӕ раст кӕй нӕ баиу кодтой, уый тыххӕй.

"Басгӕрсты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой, доны хӕтӕлтӕ раивыны рӕстӕджы кӕй не ‘ххӕст кодтой санитарон домӕнтӕ нуазыны доны гъӕдмӕ", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Басгӕрсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы директормӕ генпрокуратурӕйы куырдиат куы ӕрбацыд, уӕд фехӕлдтӕ аиуварс кодтой.

"Уагъд цӕуы иудадзыг санитарон-лабораторон хъусдард графикмӕ гӕсгӕ, кӕцы сфидар кодта фӕлсхасгӕнджыты бартӕ хъахъхъӕныны фӕдыл комитет", - бахахх кодтой пресс-службӕйы.

Афтӕ ма генпрокуратурӕйы куырдиаты уыд домӕн, цӕмӕй ахӕм куыстытӕ уадзыны рӕстӕджы цӕрджытӕн развӕлгъау фехъусын кӕной.

Ног хабӕртты лентӕ
0